Коста Хетагуров Коста Хетагуров
Творчество Коста Переводы и ... О Коста О проекте

Переводы
- Ирон фæндыр
- Поэмы
Песни
Фильмы
ФАТИМÆ
КАВКАЗАГ УАЦАУ Тæлмацгæнæг — Ардасенты Хадзбатыр НОМАРÆН
Ахх, хъазгæ 'мæ райгæ куыд фæхæссин дæу Нæ ницæйаг дунейæ дардмæ, Нæ зæгъин, фæллад дæн, мæ бон хæссын нæу, Æрдз хъусид мæ уарзыны зардмæ... Мæ фæндыры зардмæ дæ буц сæр фæлмæн Æруадзис мæ риуыл æнцадæй, Фæхуыссис ды бирæ мæ риуыл мæнæн Æмæ дæ рæвдауин мæ зардæй... Сабыргай дын бирæ фæзарин уæд æз Тæмæнкалгæ æрдзы хъæбысы. Æз дын уæд фæдзурин, куыд тыхсын: Цæйбæрц хорз у уарзын, фæллойы фæрæз, Уд царды сæрибар куыд мысы...
I
Саламджындæр кæм ис Наибæй,— Йæ уазæгдон нæ кæны цух: Цæцæн, Ыстыр Кæсæг, Гунибæй Вæййы уым уазджытæ æдзух. Сæ фысымæн йæ зæрдæ 'мбаргæ, Хæстон фæдис цыдты фæстæ Фæкæнынц адджын ныхæстæ, Фыдæлты 'гъдау сæ зæрдыл даргæ, Кавказы растзæрдæ фырттæ,— Куы вæййынц туджджынтæ, уæддæр,— Æваст æмбæлды, йе æрхуынды Æнæ хæрам, æнæ 'мбæхст хъуыды Кæрæдзи хистæрæй хынцынц: Æхсæвæр, аходæн хæрынц, Æмæ, хæлар лæгтау, æрмæстдæр Сæ хæхты бархийы ныхас Кæнынц сæ тымбыл фынджы раз... Ысты ам уазджытæ æмсæртæ; Сæ цардмæ сын æвналæн нæй; Пысылмон лæг гъеуый тыххæй Мæлæтмæ ратдзæни йæ сæр дæр. Лыгъд лæг, йæ фæндагæй фæллад, Кæнæ фæкæсинаг абырæг, Зæронд бæлццон, кæнæ мæгуыр лæг — Салам сын ам æмæ бынат. Ыстыр бæрæгбонты цæуынц Наибтæм хъæубæсты чызджытæ Æмæ уым симгæ кафт кæнынц. Ам не 'рæнкъард вæййынц чысылтæ Лæппулæгтæй, куы вæййы карз Сæ уарзæттæн сæ цæстæнгас... Ам чызджытæ æфсæрмы кæнгæ, Къæмдзæстыгæй бынмæ ныккæсгæ, Чысыл нæ фæкæнынц ныхас... Наиб ныззæронд ис бынтондæр... Миййаг мæлæты тас, йе кар Нæ басастой йæ сахъ æхсар Уæлахизты æсгуыхт фæдонæн. Æрæджы дæр ма-иу цæрдæг,— Лæппу йæм кодтаид хæлæг,— Йæ бæхыл афтæ рæсугъд бадти. Нæ тар хæхтæн сæ цъæсты хатти: Берданкæ йе 'фцæджы æфтыд, Кæд ыл-иу фембæлдаид сырд, Æвæллайгæйæ, боны дæргъы Иæ фæдыл уадаид бырсгæ... Æрæджы дæр ма-иу æндæргау Æхсæвы мæйдары хъуызгæ Уый уад йæ туджджынæн йæ фæстæ, Æмæ йын райсомæй йæ гæрзтæ Хъæмæ æрхастаид æгъдауæн... Табу æппæттыхджын хуыцауæн! Ныр дæр ма мастисын æгъдау Кæм æхсын кæны туджы тугæй, Уым нæй æрхæссæн кадмæ фау, Нæй зарæн уарзоныл рæсугъдæй, Фæлæ хъæбатырæн мæстаг у, Иæ фырты туг райсын йæ бон Куы нæ бауа, миййаг, фæстагмæ Зæрондæй, цардфæуды кæрон: Уæд асæтты йæ ныфс æгасæй, Уæд сæфт у йе 'нцойад, йæ цин... Æрхæндæг, уайдзæф загъды тасæй, Иæхи нæ фæзоны — кæм и; Къæрныхау, тагъд-тагъд уый æмбæхсгæ Фæцæуы ингæнмæ... Куыд тæрсгæ Вæййы уæд йе 'мбæлттæм йæ каст, Цæйбæрц у адæммæ йæ маст!.. Наибы зæрдæ маст ныссаста, Æдзух æнкъард,— уыны хуыцау,— Иæ фырт Дзамболаты куыд уарзта, Фæлæ цы кæна. Ис æгъдау,— Фæуæлахиз ис æгъдау мастыл,— Ныр хъуамæ уый тыххæй бынтонæдр Уый ферох кæна алцы 'ппæт. Йæ тар, йæ зæронды фыдбонты Йæ бæрны бакодта хъысмæт Рæсугъд, кæнгæ чызджы хæссынмæ... Иæ мæт уыд иудадзыг — Фатимæ; Æхсæвæй-бонæй уымæ каст Хæзнайау ын уыди уый раст. — Мæ хур, мæ уарзон чызг, уыныс мæ,— Ысурс и, базæронд дæ фыд; Рæхджы бон, чи зоны, æнусмæ Мæныл ныккалдзысты сыджыт... Дæ мады амæлæн фыдбоны,— Куы сдæ ды сидзæр сывæллон, Дæ цард куы фæфыддæр зындонæй, Уæд дæ æрбакодтон, мæ бон... Дзырд радтон хистæртæн, нæ хъæуæн, Кæй дæ рæвдаудзынæн фыдау, Æмæ дæ не 'лдæртты хуыздæрæн Кæй ратдзынæн мæхи чызгау... Куыд уалдзыгон дидинæг хæхты Æрттивгæ ракала тæмæн Æмæ кæна рæсугъддæр рæгъты, Раст уыйхуызæн ды дæр мæнæн Мæ къухты рæзыдтæ 'мæ 'рттывтай... Дæ рæсугъды койæ ныр дæр Мæ кæртмæ бирæты фæхуыдтай Æлдар æмæ уæздан гуырдтæ... Миййаг сæ искæйы цæстæнгас Дæуæн кæд рухсдзинад дæтты? — Мæ дзуапп сæ базонын фæнды, Мæнмæ кæсынц... зæгъ мын дæ ныхас... Фатимæ, тагьд æзгъорынц азтæ,— Ныр дын у мад афон дæуæн... Мæхæмæты сыгъдæг ныхæстæн Æнæхъахъхъæнгæ нæй гæнæн. Фыдæлты 'гъдæуттæн,— рох дæ ма уæд,— Сæ сæрты хизын нæу æдас... Ныр дæр куы нæ раттæм дзуапп, баууæнд,— Нæ уыдзæн иунæг дæр нæ фарс... Фатимæ, ма уадз маст мæ риуы, Æнæуи дæр рыст у бынтон; Мæ зæрдæ ма æгæрдæр ниуы Дзамболатыл... Мæ саби, зон! — Сымахыл ма мæ зæрдæ дардтон, Иæ мад куы амардис, уæдæй... Фæхастон уæ... Æмæ цы ссардтон? — Фæндзæм аз уымæй иу уац нæй, Нæ мын кæныс ды дæр тæригъæд!.. Фыдлæг-иу ахæм бонтæ 'рвитæд!.. Фатимæ... Цы? Цæссыг... цæй фæдыл? Цæуыл кæуыс, мæ хуры цæст? Мæ дзырдтæ ма нымай æфхæрдыл, Мæ мæт дæ карыл у æрмæст... — Мæ фыд, цæмæн кæнæм, зæгъ-ма мын, Дзæгъæл ныхас? Мæ хуызæттæн Ысхæцын нæу æнцон,— æмбарын, Фæлæ цы гæнæн ис... Дæу дæн,— Кæмæн дæ фæнды, ратт мæ уымæн, Æмæ дæм ничи 'рхæсдзæн фау — Нæдæр нæ дзыллæ, нæ хуыцау. Мæнæн та нæу уæлдай... Цæрдзынæн... Кæм ис ам амонд та... — Мæ чызг, Ды марыс де 'фхæрд фыды барæй! Хæрын мæ урс сæрæй æз ард, Кæнын дын сомы стыр хуыцауæй,— Æрмæст дæ амонд у мæ цард... Фыдæлты бар, æгъдæутты хъомыс,— Мах сомы уыдонæй кæнæм,— Æмæ мæхи фæндон кæй хоныс — Фæхæссин се 'ппæт дæр мæрдтæм, Æрмæст æфхæрдæй æмæ тасæй Цы ракодта мæнæн хъысмæт, Гъеуый фæстæ дзæбæх ныхасæй Дæуæн куы фехъусин дæ фæнд. Фатимæ, курын дæ, мæ мæтмæ Дæ зæрдæ раргом кæн... — Мæ фыд, Цæцæнæй уацхæссæг куы ссыд Фæлладæй тар æхсæв нæ кæртмæ Æмæ цæссыг калгæ зынæй Нæ хъæуы хистæртæн сæ цуры Куы райдыдта уый уацтæ дзурын Джауырты бырстыты тыххæй... Сымах æппæт — зæрондæй, ногæй,— Уæхи куы байдыдтат цæттæ. Сулачырдæм хæцын æввонгæй Куы тындзыдтат... Баба, уæд дæ,— Дæ зæрдыл ма лæудзæн,— куыд куырдтам Æз дæр æмæ Дзамболат дæр, Цæмæй йæ ауадзай... Цы дзырдта,— Нæ дæ уыдзæн уый рох ныр дæр... Æмбарын æз, æрыгон уыд Фыдтугкалæн хæстæн дæ фырт, Фæлæ дзæвгар фæдзырдта демæ, Æмæ ысразы дæ ды уæд... Æдылы сæр! Куыд уыдтæн йемæ Уæд æз мæ рæузондæй æмвæнд!.. Æвæццæгæн, нывгонд уыд афтæ! Ды нал хъуыды кæныс, мæ фыд, Куы рацыд уый йæ бæхыл кафгæ? — Хæстæттæй иунæг дæр нæ уыд Уындæй уæд уый хуызæн... Нæ хаста Хæсты сæрыл, миййаг, йæхи,— Фæлæ сæрибарыл уыди Гъеуæд йæ балцы цыд... Уый уарзта... Баба, ды ме 'ргом дзырд ныббар... Æнæхъуаджы æнхъæлмæ кастæй Ныр фондз азы мæныл фæтар, Æнæфын æхсæвтау, æвастæй, Æнæфæд уадзгæйæ, куыддæр... Уырнæд дæ, хаттæй-хатт ныр дæр Мæнæн ысрухс кæнынц мæ зæрдæ Ныфс æмæ 'нхъæлцауы цæхæртæ — Кæсын æм æз... Фæлæ цы сты Фыдæлгъыстаг чызгæн йæ сæнттæ! Гъеуый аргъ не сты, æмæ ды Сæттай нæ фыдæлты æгъдæуттæ... Æвæццæгæн, хъысмæты уагæй Нæ ахицæн тæрхонгонд у,— Нæ хъуыддаг фехæлд махæн рагæй... Ыстыр пехуымпарæн табу! Кæнын мæ хъысмæтыл æз разы,— Ныббар, нæ рæвдаудзæн уый мæн, Фæлæ фыдæлгъыстау дæуæн Æнус нæ баддзынæн дæ разы; Æгъдæуттимæ нæ цæуын тохы... Сæттын мæ раздæры дзырдтæ... Дзамболаты æз уадзын рохы Æмæ кæнын — фæнда дæ, нæ,— Æз Ибрагимæй мой... — Мæ чызг! — Нывгонд у уый мæнæн хуыцауæй... — Фæлæ уый ницы у, гæвзыкк... Æркæс, мæ чызг! — Мæ фыд, уый рагæй Куы судзы уарзоны тæмæн... — Фæлæ уый нæу æлдар, мæ чызг... — Гъеуый нæу хъауджыдæр мæнæн... Мæ хъуыдытæ ныгæнынмæ Кæм разынд фаг хъару мæнмæ, Гъеуым, æууæнд, мæ уарзон фыд, Рæстдзинад, уарзоны æнцойы — Нæ хид, нæ тугæйдзаг фæллойы Ыссардзынæн æз цин, рæвдыд... Мæ фыд, ды фехъуыстай йæ барвæнд Ныртæккæ де 'дылы чызгæн. Тæрхон ын кæн æнæтæригъæд, — Дæ фарн куыд амоны дæуæн,— Тæрхон — æгъдаухалæгæн тагъд... Наиб йæ цæстытыл ныххæцыд, Нæ радта дзуапп, лæууыд æнæсдзырд — Йæ цæссыг гауызмæ æртагъд...
II
Сыгъдæг уæлдæф... Ыскъæфы комæй Æмбисæхсæвы уазал уад... Уæрдæттæ иувæдыл æнгомæй Лæууынц æмбондау... Судзы арт... Æддæдæр галтæ донбыл хизынц... Ныззарыд иу чидæр сындæг... Ыстыр æнкъарддзинад æвдисынц Ам зарджытæ... Хуыссæгхъуаг лæг Тыхджын ныззæмбыдта... Дзæбæх у Фæлмæн цъæх кæрдæгыл хуыссын Мæйдар æхсæв,— æрвон уæрæхы Æнæнхъæл байдайы хынцын Уæд лæг стъалыты цæстытæ; Æмæ æнæрлæугæ хæты Уæд дисгæнгæ æрвон дæрдты Æхсæвы сау тары йæ хъуыды... Куыд адджын у сæрибар царды!.. Тæригьæд не 'нæбон хъуыды,— Æгас дуне, æгас æрдзы Æмæ фæсыстъалыты дарды Кæмæн нæу базонын йæ бон! Æндæргау талынджы... уæрдон... Йæ фæстæ аууæттæ... Æхсæвæр Сæ иу фыцы... Æгъгъæд у ныр! — Сæ артмæ фидаугæ, тымбыл Черкестæ 'рбадтысты æппæтдæр... Дыууæ кæстæры сын æгъдауæй Лæггад, кæстæриуæг кæнынц: Куыд карджындæрæй сын рæдауæй Сæ размæ дзаг къустæ хæссынц... Сæ арты 'взаг тыхджын ысхъазы Æмæ уæд байдайынц зынын: Хуымæтæджы хамбохъ сæ разы Æмæ хъæбæрхоры кæрдзын... Сæ уæззау куыст кæмæн у адджын, Сæ цард кæмæ кæсы зынаргъ, Гъеуый сын се 'хсæвæр дæр уарзы... Фæлæ, мæ зынаргъ кæсæг, мах, Мах уарзæм цин, мах уарзæм хъазын, Æмæ мах райгæ царды сæр Нæ хъæуы ахæм æхсæвæр... Ныр та сабыр! Æвзонг черкесæн йæ хъустыл ауадис уынæр... — Уæ куывд уæд барст æмæ уæд уе 'хсæн Хуыцауы фарн!— æрбайхъуыст дзырд, Æмæ сæм уæрдоны фæстейæ Æнæзонгæ бæлццон фæзынд. Дзуапп радтой уазæгæн лæугæйæ: — Уæларвæй уацхæссæг фæу! Нæ къорд, миййаг, кæд д 'аккаг у, Уæд дын — фысым, æрбад нæ разы... Нæ æхсæвæрмæ ма 'рхæсс азым... Дæ цины уацтæ нын фæкæн,— Кæцæй ысты æмæ кæмæн? — Мæ хуызæн лезгин та кæм хæсдзæн Уæларвæй рухс уацты фæндон; Мæрдты, æнус бонты æмбæрзæн Мæнæн нæу бахгæнын мæ бон... Зыбыты сидзæрæй æрвыстон Кæйдæр фæсдуæртты æз мæ цард. Æнæдæндаг зæронды схуыдтон Мæхицæн æз ныййарæг мад. Мæгуырау къæс æмæ мæ мадгонд. Хъæбæр кæрдзын, лыстæн — мæ уат, Таурæгътæ æвдæлон афон — Æмæ гъеууыл ме 'взонгад Фынау фæцыдæр и, фæлыгъд!.. Æз рæзыдтæн... Мæ мад æмбæрста, Хуыздæр цы куыстæн уыд йæ фырт,— Æлдæртты куывдтæм-иу æппæрста Фæхудын кæнынмæ мæн цырд. Æз симдтон, зарыдтæн-иу хъазты Æмæ фынгисæггаг муртæй Æз хастон зæронды... Æваст та Фæлыгъд мæ рагуалдзæг дæр... нæй... О ме 'взонгад куыд раджы ф'аууон. Фæци мæ мадгонд дæр, ныфтыд. Нæ хъæу нæ ныууагьтон æз абон — Уæдæй нырмæ азтæ фæцыд... Уæдæй нырмæ чысыл нæ хæтын Хызынимæ, лæдзæджы 'нцой,— Мæ зарды фæрцы мын кæмфæнды Вæййы салам, вæййы æнцой... Кæддæр æхсыста туг мæ уæнгты: Æз домдтон тох, цыдæр хъуыддæгтæ,— Æдасæй размæ уыд мæ каст,— Фæцæй сæм кодтон æз хæстæгдæр, Фæлæ фæрынчын дæн æваст... Æрчъицыдтон кæмдæр дард бæсты Æнæзонгæ быдырты 'хсæн; Æнæхæстхъом, лæмæгъ уыдтæн, Æцæгæлæтты хъал ныхæстæй Мæ хъысмæт фенад ис мæнæн... Мæ цард ысси бынтон æлгъыстаг, Уæддæр ын уарзтон æз йæ ад, Фæлæ æдзух мæ зæрдæрыстæй Мæ цæстыл ахæстæттæ уад... Куыд мæ фæндыд, цæмæй мæ зæрды Æбуалгъ фæндтæ нæ уа мæнæн!.. Фæлæ куыд арф малы уылæн Хæсса æнцонæй нау йæ сæрты, Мæн дæр раст уый хуызæн фæлмæн Æскъæфта рог зефир æнцонæй, Æнæ кумир, æнæ фæсмонæй, Æнæ цæссыг, æнæ рæвдыд, Æнæ рухсы цъырттæй, æнæ цин Фыдбонтæ ивтой-иу кæрæдзи Æмхæццæйæ... цæхгæр лæбырд Фæкæсын кодта мæн фæстæмæ... Кæцырдæм — размæ 'ви фæстæмæ?.. Фæлтау мæрдфынæйæ, уым разæй, Хуысс искуы миты бын æнус, Цæйнæфæлтау рæхысты азæлд Цæрæнбон ахса ам дæ хъус... Фæстæмæ!.. Ме 'нæнхъæл лымæнтæ, Сымах куы зониккат мæ мæт,— Куыд тарстæн рухс боны тæмæнтæй, Куыд лыгъдтæн рухс хурæй фæсвæд! Кæм у йæ фæз уæрæхдæр фурдæй, Кæм н 'ахсы доны сыр-сыр хъус, Уым лæг мæцгæ кæны æнудæй, Сахат дзы бавæййы æнус... Дæ зæнгтæ цуддзысты дæ быны. Дæ зæрдæ — рыст æмæ фæллад. Дæ фæстæ 'рдæгвæндаг нæ зыны, Дæ размæ — 'нусау, фæндаг дард!.. Æмæ та риуæй дæр ысхъуысы Æнкъард, зæрдæхалæн нæтын; Кæугæ, æнæсдзургæ фæмысы Лæгæн йæ рыстзæрдæ мæлын... Фæлæ та фын: уынын мæ бæстæ, Нæ митсæр къæдзæхтæ, нæ фæзтæ, Нæ дард кæмттæн сæ цин, сæ цард... Æз хъусын ме 'мбæлттæн сæ зард... Куы ныццæвай стайы фатæй, Уæд æй куыд аскъæфы йæ маст, Æз дæр раст уый хуызæн... Хъазуатæй Уæд размæ астъæлфын æваст... Æбæрæг фæндагыл кæдæмдæр Фæуайын адæргæй цæрдæг... Фæуайын, цалынмæ мæ зæрдæ Нæ басабыр вæййы нæуæг... Мæ хæлæрттæ, ныббарут, курын, Мæгуыр хæтæг лæджы фырдзырд,— Æфхæрдмæ цинбоны фæзынд Цæссыджимæ фæцæуы дзурын... Ныббарут мын, нæ бæстон хойраг Кæй кæнын цæссыгæй фæлмæн, Фæлæ уын ард хæрын, у койаг — Æз ам уæ арты цур куыд дæн... Сæ бæлццонмæ лæмбынæг хъуыстой,— Чысыл лæппу ныджджих бынтон; — Бæргæ хъуыстой, фæлæ нæ зыдтой, Уый чи уыдис, кæцырдыгон... — Æз хатын,— худгæмхæст ысдзырдта,— Мæ дарæс уыл æфтауы дис... Цы бакæнон? Бызгъуыр лæбырдтæ, Нæ карз хæхты сыл худæн ис,— Нæ йыл тыхсын,— бæрæг мæ кондæй,— Уынут: хæтæг зарæг, фиййау, Дзырдтæй — хъæздыг, мæгуырау —зондæй, Чызджытæ йæм нæ хæссынц фау, У зæрæдтæн æнæуынон... Гъеныр цæуын æз уæртæ 'ввахсмæ. Уым, къæйты хойгæ, уайы дон,— Мæ зæрдыл ма лæууы,— йæ фарсмæ Ис хъæу... Хуыцауы стыр бæрæгбон Æз хъуамæ бахъæлдзæг кæнон Гъеуым Наибы... Зæронд ныр Бынтон фæлмæст уыдзæн, мæгуыр, Йæ мæстытæй... Нæу афтæ, цы?..— Нæ фехъуыст дзуапп... Ныхъхъус ысты... «Цымæ Наибæн чи у а лæг? Куыд уыдзæн а хъистæн сæ зард, Куы фехъусой Наибы мард? Цæуыл хъынцъым кæны нæ уазæг, Йæ цæсты дон цæмæн абадт?!» — Ау, цавæр у,— уæд загъта бæлццон,— Мæ фарст куы нæ уыдис фыдæх, Цæмæн ныхъхъус ыстут? Циу йе 'фсон? Наиб зæронд уыдис, лæмæгъ... Ныр чи зоны... — О не 'васт уазæг,— Уæд загъта хистæр лæг æнцад,— Цыдæр сусæгдзинад æмбæхсыс... Хæрын мæ урс рихитæй ард, Нæ дæ ды а бæстæйы зарæг, Кæннæуæд афонмæ дæ хъарæг Æнкъардæй азæлид... фæлæ Уый нæу уæлдай, миййаг, кæд дардæй Цыдтæ Наибмæ ды фæрсæг,— Дзамболатæй саламхæссæг,— Уæд байрæджы... Уый ацыд цардæй...— Уæззау, æнуд куыдæй сæ бæлццон Нынниудта, хъарджытыл фæци... «Цæй тыххæй æфхæры йæхи, Цы йын зæгъæм, цы у йæ æфсон?» — Арф карста черкесаг йæ тæрхон. — Хуыцау æмæ пехуымпарæн Зындгонд уыдис дæ ном цæрæнбон, Ысхъæр æй кæн... — Дзамболат дæн...
III
Кæс, уæртæ иу хæдзар. Йæ разы Зæрдæхъæлдзæг æнæмæт хъазы Йæ фыртимæ æрыгон мад. Фырт азгъоры... Йæ мад æй суры... Фырт бахуды, цыдæртæ дзуры Æрдæгдзæфтæй... Кæс, ныр фæкалд; Цæрдæг æй фелвæста йæ мад,— Рæвдауы йæ... Кæм лæууы 'нцад,— Тындзы та хъазынмæ, хъæрзы... Тæхудиаг, царды уалдзæджы Йæ мад кæмæй фены хъæбулад! Фæлæ... Цæмæй тæрсы Дзамболат Йæ мысыны бæллиц кæртæй! Йæ къæсæрыл цæуылнæ хизы?.. Æхсæв тæппуд къæрных куыд риза Йæ давинаджы 'ввахс уындæй,— Раст уый дæр уыйхуызæн,— йæ уæнгтæ Зыр-зыр кæнынц, у йе 'нгæс тар... Фæцæуид размæ — нæй æхсар, Фæстæмæ — худинаг бынтондæр,— Кæдæм цæуа?.. Йæ маст — ыстыр... Дзамболат сау фæндтæ нывæнды: «Хынджылæг кæнын æй куыд фæнды Йæ куыдзы хъæвдынимæ ныр!» Æмæ домбай къухæй ныфсджын Ныххоста кæрты дуар тыхджын... Æнæнхъæл бахостæй рæстæгмæ Фæтарсти сывæллон... Йæ мад Цырд рауадис æрбадзурæгмæ... «Нæу уазæг буц кæнын æгад»,— Лæууыдис уыцы 'гъдау йæ зæрдыл, Æмæ-иу уазæгæн йæ кæрты Уыдис кæддæриддæр бынат. Дуар байгом ис ныр дæр æнцад, Æмæ æвзонг æфсины размæ,— йæ хызын уæхскæй уагъд йæ фарсмæ, Нымæтхуды, лæдзæджы 'нцой, — Лæууыд, кæмæн кодтам йæ кой... Æнæзонгæ бæлццоны 'нгасæй Ус фефсæрмау... Йæ уадултæ Сырхварс фæткъуытау фесты 'гасæй... Йæ каст фæтар... Йæ бахудт дæр Рæсугъд фæурæдтой йæ былтæ... Йæ къухтыл нал цыдис йæ бар... Цыдæр сусæгады тыфылтæ Ыссыгътой риу... фæлæ та 'хсар Ыссардта уый. — Æнæнхъæл уазæг,— Ысдзырдта бæлццонмæ,— уынын: Дæ фæндаг дард уыдаид, зын... Нæ мæгуыр хæдзарæн йæ разы Бæлццон куы 'рбалæууа, уæд ын Кæддæриддæр салам дæттын Æз Ибрагимы номæй ам; Дæуæн дæр — уазæджы салам, Фæндаг дын ис нæ мæгуыр кæртмæ... Цыма фæзындис ныфс йæ зæрды, Зынд уыйхуызæн, фæлæ уæддæр Ыскæсын «фиййаумæ» нæ уæнды... Ыстæй цыбыр рæстæгмæ 'васт Иæ зонд æндæр фæндтæ нывæнды,— Æрбацæуæг бæлццоны 'нгас Нæ фæкаст зондмæ зæрдæйау,— Йæ цуры уазæг ис æрмæстдæр, Фæллад æмæ ыстонг фиййау... Йæ мæгуыр дарæсы фæрæзтæ, Йæ уæнгты конд, йæ цæст æлхынцъ, Йæ мидбыл бахудт — æргом зæгъынц,— Кæй у хæххон. — Зæгъын æз бузныг Хуыцауы стыр номæй дæуæн; Дæ салам зæрдæйы уыдзæн Дзæбæх, сыгъдæг фæндау æнусты. Куыд нæ 'рлæууыд рæсугъд мæ разы... Фæлæ æссыгътай ды мæнæн Мæ зæрдæ 'ндæр артæй,— мæ уарзын У хойы уарзт... Æдзух уыдзæн Дæ фæлмæн дзырд мæнæн мæ риуы,— Æмæ куы уон кæмдæрид цины — Фæллой уа, амонд уа, уæддæр Уыдзынæ ды мæ куывды сæр. Бынтон хуымæтæг дæн, уыныс мæ,— Æмæ куыд уа, уæдæ, фиййау?.. Мæ дзырдтæ фароны митау Уыдзысты рох... æмæ мæ сæнттæн, Æвзонджы 'рдхæрæны дзырдтау, Дæ сæры нал уыдзæн сæ фæд дæр,— Бæллæх у уый, фæлæ цы кæнон!.. Ныббар дæ фиййауæн йæ уæндон,— Дæ хуызæн рæсугъдтæм кæсынц Ыстауæн, уарзон дзырдтæ худæг, Сæрæн дзырдтæм кæнынц тæхуды, Мæйрухсы 'мбæлынæй тæрсынц,— Гъеуый уæ аиппæн сæ сæр! Ныббар, æргом ныхас æгæр Кæй кæнын, уый... Æппынæдзух Нæ вæййы афтæ... Фосы дзуг Ныхæстæй не 'рцæудзæн бынатмæ,— Фæлæ ныр ам... Мæ цæсты раз Сылгоймаджы æфсæрмæнгас Æвзонг сæнттæй кæм лидзы дардмæ, Кæм дзы уадзы сæрибар тас; Йæ мойы дзырд, йæ сывæллон Кæмæн ысты йæ цин, йæ мæттæ... Кæм ысты мæнг æрдон ныхæстæ — Уым мацы зæгъ... Уый нæу мæ бон!.. Уыныс, дæ уазæг нæу æрхæндæг, Уæливых ма куы уа, уæд та, Ыстæй дзæбидыры сыкъа — Гъеуæд вæййы фиййау, гъе, хъæлдзæг... — Дæ хуызæн уазæг тынг нæ хъауы, Æрвиты донимæ йæ хæрд; Уый карзæй никæддæр фæфауы Æвзонг æфсины фынгæвæрд. Æмæ йæ уый тыххæй уæндын Æрбахонын,— æрхæсс дæ сæрмæ Нæ уазæгдон. — Гъеуый фæнд у! Дæ дзырдмæ кастæн æз æнхъæлмæ,— Куы зонæм мах, æмбисæндтæй Æфсадæн булæмæргъы нæй,— Фæлæ дын ныр салам мæ зæрды: Хуыцауæй арфæйаг фæуæнт Дæ дзыхы дзырд æмæ дæ кæрт... Зыдтон дæ лæджы дæр... Кæддæрты Мах арæх хъазыдыстæм хъултæй... Уый давта не 'ппæтæй хуыздæр, Фæлæ йæ мах йæ фыртæппудæй Хуыдтам сабыр лæппу... Дæу дæр Зыдтон фæскойæ æз чысылтæ... Уæхи у лæппу дæр? — Нæхи... — Мæнæн нæуæг хабар у уый, Æмæ йын уый тыххæй йæ былтæ...— Цы диссаг у, кæсæг, цы дис, Лæгæн куыд базонынц йæ зæрдæ; Сывæллонæн нæ рæвдыд — рис, Нæ ба — сæры цæфæй æвзæрдæр, Куы нæ вæййынц зæрдæйæ, уæд,— Куы нæ сæ фæуарзæм... Æууæнд, Дзамболат дæр былалгъы цинтæ Ныр хъавыд сабийыл, фæлæ Уый асхъиудта цъæхахстгæнгæ,— Йæ мады буц хъæбысы смидæг... Табу æппæтзонæг хуыцауæн! Салам нæ фысымтæн — бæркад!.. Фæлæ та уазæгмæ æгъдауæн Дæтты æвзонг æфсин сыкъа. — Фæрасыг уыдзынæн... — Фæндараст! Уый — Ибрагимы цæрæнбон... — Уæдæ цæмæй фæрæвдз уа м' араст, Æмæ уæ дыууæйыл зæгъон,— Дæ ном мын зæгъ. — Мæ ном Фатимæ... — Фатимæ иу зыдтон æз дæр. Рæсугъдæй уый хуызæн ныр дæр Нæма федтон... Æлдар йæхимæ Уый райста схæссынмæ, чызгæн, Æмæ йæхи чызджы хуызæн Ысхаста кад æмæ цытимæ... Дзырды хорз ма кæм уыд æвгъау,— Йæ кой нæртон рæсугъд чызгау Сæ зарды дзыллæтæн нæрыди... Йæ курджытæн кæрон нæ уыди... Фæлæ йын мойгæнæн нæ уыд! — Зæронд æлдар уыдис йæ фыд, Æвзонг æлдар та... О фыдхъысмæт, Цæй æнæхатыр фæдæ ды!.. Уыд Сунжæйы æддаг фарс сыстад, Æмæ æвзонг æлдар хæсты Фæтар ис уым... Фæлæ мæты Нæ бафтыд уый тыххæй... Фод мард,— Уæддæр хуыздæр... — Усгур ма цард? — Ус афарста æваст, тæрсгæйæ... — Зынд афтæ,— нал. —Гъеуый зæгъгæйæ, Зæронд лæгæн йæ хъару тад... Дыккаг цæфæй бынтон æрхауд: Йæ рæсугъд баууæндыди уацыл, Æмæ, йæ дзырд фæсайгæ, уæд Æгъдæутты сæрты моймæ ацыд Цагъармæ сусæгæй... — Æгъгъæд! Зæгъ-иу мын уый тыххæй фæстæдæр... Æвзонг æлдарæн уал фæу Йæ хабæрттæ... — Уый даргъ дзырд у, Æниу цæмæн кæны хъæугæ дæр, Уацары 'фсæн хъадаманты Уынгæг талынг ныггæндтыты Йæ сагъæс-иу куыд уыд æгас бон Йæ хуры хай, йæ рæсугъд уарзон... Фæстагмæ та куыд ысуæгъд ногæй, Куыд æм æрцыд рынчын, ыстонгæй Æмæ куыд нæ федта рæвдыд... — Зæгъ мын йæ ном... — Дзамболат хуынд... — Ныббар, фиййау, мæ зæрдæ тоны... Мæ уæнгтæ байдыдтой зыр-зыр, Уый аргъау уыдзæни... Æз зонын: Уыд æлдар мард... — Уыныс æй ныр!..
IV
Нæ хъуысы хæдзарæй сыбыртт дæр... Мынæг æхсидавы цæхæр Æнæбары кæны тыбыртæ... Ысси æмбисæхсæв... Уæддæр Нæй, Ибрагим нырма нæ зыны... Фатимæ та?.. Уый нæу хуыссыныл,— Æнхъæлмæгæсгæ 'нкъардæй бады... Æваст рæуæг къуырцц-къуырцц... Фæтарсти. Къæхты уынæр... «Фын нæу,— æцæг! Æрцыд, æвæццæгæн»,— фæкасти Æмæ фæджих... Нæ уыд йæ лæг... Йæ размæ, раст æхсæвы 'ндæргау, Дзамболат февзæрдис æнæнхъæл... — А, уый ды дæ? — Фæдзæгъæл дæн... Фыдбылыз уад... æхсæв — фыд уæнгæл,— Бынтон мæйдар... Нæ уыд цæуæн,— Фæндæгты, хидты дон фæласта... Фыдран, фыдтухиты фæдæн, Фæлæ табу,— хуыцау мæ 'рхаста... Æррæвдз кæн цырддæр, цæй, дæхи... Цæттæ сты бæхтæ дæр... Фæраст уæм. Ыстæй нæ уæд æййафæнт, и!.. — Цы загътай, цы? — Тæрсыны охыл Ды ма фæчъизи кæн ныр, цæй, Цагъайрæгтимæ райдыд тохы... — Хæрын дын ард, Дзамболатæй Æз уый зæгъын æнхъæл нæ уыдтæн... — Нæ мæ уарзыс!.. — Æфсымæрау, Æгайтма та мæм ног фæзындтæ... — Тыхджындæр та?! — Цы йæм ис фау? — Фатимæ, 'гъгъæд! Кæм ис дæ дзырд, Цы фесты сомытæ, нæ фæнд?.. — Ныр нал ис раздахæн, цы уыд,— Дзæгъæл сыл мауал кæн ды мæт... — Дзырдфæливæг! — Дзæвгар фæкастæн... Æнцон уыд, цы, дæ алыварс Дæ кар æмæ дæ чызгон азтæн Куы тæрхон кæной иууыл карз?.. Мæн амонд курæгау куырдтой Стыр уæздæттæ 'мæ æлдæрттæ. Мæ дзуапп нæ рухс кодта сæ зæрдæ Æмæ мыл дам-думтæ дзырдтой... Цыппар азы тох кодтон æз... Æнцон нæ уыд мæнæн, ды базон, Мæ бархи 'взæрст, уæддæр ыссардтон Ныртæккæ цардамонд, фæрæз... Нæ хъаст кæнын... Мæ дзырд фæсайгæ, Æндæр ныв райстон, нал дæн дæу... Æнцон нæу цард, фæлæ дæн райгæ,— Фæллой кæнын фыддзинад нæу... Ныр хъуамæ, куыд æфсымæр, афтæ, Мæ хæдæфсарм къай равзæрстæй Ды бузныг уай, кæнай мын арфæ, Ды та дæ сау фæндты фыдæй Æхсæвдзу сдæ... Дзамболат, зон æй, Æгæр федтон фыдæхтæ æз, Цæмæй мæ цард ныр афтæ 'нцонæй Æрбайхалон... Хуыцауæй тæрс, Мæнæн ис мой, ныр мад дæн æз. — Уæййаг цагъайраджы сылгоймаг Къæбысы мад... — Дæ дзыхыл хæц! Фæуæд дын худинаг сæ кой дæр... — Дæ бар дæхи, фæлæ-иу кæс!
* * *
Нæ цæуы хæдзарæй уынæр... Æхсидавы лæмæгъ цæхæр Фæлвары талынджы бырсыныл... Фæбонырдæм... Фæлæ уæддæр Нæй, Ибрагим нырма нæ зыны... Кæс, къуымы, тъахтиныл æнцад Хуыссы чысыл саби 'мæ хъазы Йæ зæрдæ буц фынтæй... йæ мад Æрбадт рæвдауæгау йæ разы Æмæ кæуы... Сæуæхсид дæр Сындæг æнæнхъæлгæ æрхъуызы... Фæстаг æхсидавы цæхæр Куы ферттивы, куы 'васт æрхуыссы... Нæй Ибрагим нырма уæддæр... Фæбоныцъæхтæ... Фæпырх ис аууон... Фæсырхгонд ыскæсæн чысыл... Ныззарыд цъиу. Æстъалы ф' аууон... Æрбайхъуыст дард доны сыр-сыр... Уæрдоны хъæр... нæй... дарддæр ацыд, Æмæ та хæдзар дæр ныхъхъус... Фатимæ, о мæгуырæг ус, Минут æрцъынд кæнын нæ уадзы Йæ цæстытæ... Сыфтæрау ризы... Ныр чи базондзæни,— куыд риссы Йæ фæллад зонд; куыд ын хæры Йæ зæрдæ сагъæсты æлхынцъ. Куыд мæтгæнгæ, куыд уарзонæй Æркъул кодта йæ хуры тынмæ... Цыдæр ын хъавыдис зæгъынмæ, Фæлæ цæмæн?.. Хуыссы фæрнæй Æмæ йын ныр йæ сыгъдæг фынтæ Нæ фæсурдзæн нæдæр йæ куыдæй, Нæдæр йæ уыраугæ цæссыгæй,— Кæмæй йын судзы ныр йæ былтæ... — Мæ зынаргъ, ахуысс уал фæрнæй,— Цы ис рæвдауынæй дзæбæхдæр!.. Кæн уал ды адджынæн фынæй,— Дæ хуыссæг байдайдзæн лæмæгъдæр, Æмæ куы райхъал уай, уæд ды Æмбардзынæ, цæйбæрц мæты Рæвдыдта, хаста дæу дæ мад,— Æмæ-иу бафтдзынæ уæд дисы... Ныр та уал хуысс фæрнджын, æнцад,— Дæ цæстысыг, дæ æнцойад Зынаргъдæр у мæ цард, мæ исæй... Фæлæ æнæнхъæлгæйæ арæхст Дуар байгом ис нæуæг, æмæ Фæлрухс, æгомыг къæсæрмæ Æрыгон черкесаг æрбахызт... Нæ йæ уынынц нырма... Фæци Йæ нымæт исыныл... — Фатимæ, Цæмæн хурхæй марыс дæхи!.. — Ды дæ? Дæумæ кастæн... — Нæхимæ Цыдаин раджы уа, æрæджы; Уæд та бынтон ныффæстиат дæн, Цæмæн хъæуы æхсæвбадæн,— Миййаг дæ бæлццонæн нæ хæссы Дæ бадт æххуыс... — Æрцыдтæ ма... — Фатъи... кæугæ? Цы у, цы 'рцыди? Рынчын у сывæллон? Зæгъ-ма... — Нæ, уый æнæниз у, куыд рысти Мæ зæрдæ 'гас æхсæв мæнæн... Нæ ахастаин хурыскастмæ,— Мæ цæстыл уад уымæл ингæн... Ныр нал тæрсын, ды дæ мæ фарсмæ, Мæ ахсджиаг хур, кæд дæ фæллад? Фæуарыд дыл... Ыстонг уыдзынæ... Фæлæ дын ницуал у, хæрдзынæ Дзаджджын уæливыхтæ, хæрзад. — Æз та зæлдаг кæлмæрзæнæй Ысбуц кæнон æнæнхъæлæй Мæ тæппуды, мæ тæрсаджы... — Охх, Ибрагим. æнæхъуаджы Дæ фæллой хардз кæныс æдзухдæр... — Нæ, нæ, æркæн-ма йæ! Рæсугъддæр Нæма фендис, зон, ам кæлмæрзæн... — Чысыл хæрыс... — Нæ, æз æфсæст дæн... Кæнынц мын ног хабæрттæ хурад, Æгæр чъынды сыл дæ ныр ды... — Æрцыди ме 'фсымæр... — Кæцы?.. — Дæ зæрдыл нал лæууы?.. Дзамболат...
V
Æрыхъал ис Хъазыбег-хох, Ыскæсæнæн саламтæ 'рвитгæ. Цæугæдæтты лæнчыты, къох Фæсырдтой се 'мбæрзæн цъæх мигътæ... Ыслæсынц зивæггæнгæ рæгътæ Ныр æврæгътæй... Æрыхъал хъæд, Æмæ сæ цины зардæй мæргътæ Рæвдауынц арвы цъæх æппæт... Æрыхъал сты 'нцад черкестæ... Уынгæг комы, раст хъæуы сæр, Цæхгæр лæбырдтытæ кæм фесты,— Уым рыг кæлы 'мæ хъуысы хъæр,— Æвзарынц барджытæ сæ бæхты... Ызгъорынц фос... Æртдзæстытæй Цæуы цъæх фæздæг æмæ рæгътыл Фæленк кæны къуыбылæйттæй... Æрыхъал алцы... Хуыссæг алыгъд... Фæпырх ис тар... Дзæбæх фæхъарм... Æрдз цин кæны... Сæууон куыст рафыхт, Æмæ цæрæгойтæ салам Дæттынц сæ буц хурæн сæ мадау... Сайтан-хохæн йæ фæстæ пыхсы, Хъуынаджын дурцæнды хъæбысы Ысхылди къахвæндаг раст калмау... Æстæм хатт ыл цæуы хъæмæ Фæллад цуанон,— æнафонмæ Хæххон цъæсты, фыдран, æвæды Йæ цæф сырды фæстæ куы хæты; Хызын, бæндæн æмæ фæрæт Йæ уæлæ, афтæмæй фыд-зынæй Фæцæуы ууылты хæрдмæ, Мæтгæнгæ, хъæддзау лæг хъуынтъызæй; Кæнæ та дарæнæй бынмæ Йæ даргъ лæдзæджы 'нцæйтты фиййау Хæссы хæрзад цыхтытæ 'мæ Мыды фæзгъæр... Ныр та гæдыйау, Хъуына 'мæ пыхсытыл хæцгæ, Сывæллон къæсæрыл куыд хиза, Раст афтæ дурты сæрты хизгæ, Быры Дзамболат дæр тæрсгæ. Кæдæм тындзы æмæ цæй тыххæй? Цы хорздзинадмæ у йæ каст?.. Цæф сырдау, цæстытæ — сырддзаст... Йæ судзгæ хид тæдзы йæ ныхæй... Уæгъд æфцæггот... Кæс-ма йæм уæлæ,— Фыдæлты хæзнатæй фæлыст,— Æвзист нывæфтыд топп йæ уæлæ, Йæ ронбасты дамбаца тъыст... Зæрин хурмæ цæхæртæ 'лвисы Йæ хъама й' астæуыл уæрæх... Æрзæбул басылыхъхъ... æвдисы Æгасæй дæр цыдæр бæллæх!.. Уæд дуне та!.. Фæлмæн фын таугæ Йæ диссаджы рæсугъд уындæй Куы хоны мах æмæ рæвдаугæ Æппæт куы дзаг кæны фæрнæй!.. Зыны кæмдæриддæр æнцойад!.. Æрмæстдæр тар тæлмы бынæй Æхсæрдзæны къæйдурты хойын Æнæсцух азæлгæ хъуысы... Хъæу ардæм хъазæнау зыны... Фæпырх сты, мæлдзыджытау, Фос æрнæджы... Æвзонг фиййау Цæуы æнæтындзгæ сæ фæдыл... Ныззарыди... Ныннæрыд хъæды Хæххон дауæг ысфæзмæгау: Æппæт цард ыскæнæг, Æппæт рæтты уæвæг, Егъау дæ ды де сфæлдысты! Цы диссæгтæ æфты Нæ зæхх æмæ æрвты,— Дæ зондыл нæ кадджытæ сты... Нæ фæзтæ, нæ рæгътæ, Нæ дæттæ, нæ тæгтæ, Нæ денджыз, нæ быдыр, нæ хъæд,— Кæйонг фæнды дардмæ Дæ намысыл заргæ Сæ хъæлæстæ скодтой æмвæнд!.. Ныр уæлæ стыр æрхы чъылдымты Æртыхта къахвæндаг йæхи, Фæзынди калмау фæз, къуылдымты Æмæ та пысхы бын фæци... Фæлæ та цъæх кæрдæджы 'хсæнты Æрттивы таджы хуызæн ног... Йæ фарсмæ дон рæсуг уылæнты Тæмæн калгæ ыскъæфы рог... Кæс: иуран къахвæд донмæ 'рхæстæг, Кæны йыл дон лыстæг пырхæндæг, Фæгæпп та кодта дурæй цырд, Йæ сæрмæ ызмисы фæзынд... Фæкаст ма хъæлдзæгæй фæстæмæ, Ыстæй уæд хъазæгау фæраст Уый дуртæм, къутæртæм... уæлæмæ... Æмæ бæрзонд айнæг æмраст Сæрбæрзондæй кæм кæсы арвмæ, Гъеуырдæм ма уый цъус фæзынд, Ыстæй йæ сæфæнмæ фæзылд,— Нæргæ бæзджын хъæдæн йæ арфмæ...
VI
Куыд хорз у ам, куыд сæрибар у!.. Куыд фæнды ам лæджы фынæй... Цыдæр сусæгдзинады хъару Куыд судзы риу æбарвæндæй! Раст аргъæутты бæстæ... Куыд хъазы... йæ диссаг уынд, йæ аууæттæ... Æнусоны егъау цæндтæ Бæзджын цатырты бын дæ разы... Кæс, сусхъæдмæ æрбакъул тæгæр Æмæ сыбар-сыбур кæны... Æнæуæндон къухтæй тындзы Йæ урс риутæм, кæс, тæрсæн æхсæр,— Йæ уарзон у уый рагæй дæр,— Фæлæ цæй къайаг у уæддæр! — Тæрс — раст паддзах, йæ сыфтæй хъазы... Гъеуый — фыдуынд пигмей йæ разы! Кæс, уæртæ тулдз... Кæнынц ныхас Гъеуый тыххæй æдзухдæр дзыллæ... Йæ фæтæн къабæзтæн йæ бынмæ Фæкæнынц цуанæттæ ламаз,— Æнæ фехæлгæ 'гъдау æппæтæн... Изæр та 'хсæвиуат кæнынмæ Æд амæттаг, æд сырды мæрдтæ Æрбатыгуыр вæййынц йæ бынмæ... Æхсæв куы ралæууы, уæд дард Æрттивын байдайы сæ арт... Нæры сæ зард, кæнынц быцæу... Æмæ сæм тар æгомыг хъæд Дзæвгар рæстæг фæхъусы уæд... Фæлæ айдагъ цуанæттæн нæу Гъеуыцы номдзыд тулдз зынаргъ: Мæгуыр хъæддзау лæг дæр йæ уаргъ Тындзы гъеуый бынмæ æруадзын... Ныр дæр дыууæ черкесаджы, Кæс, уæртæ, хъæды къохæй рацыд Æмæ гиганты сатæджы Фæтар ысты, сæ фæрæттæ Æдæрсгæйæ æрæвæргæ. — Нæ йæ баййафдзыстæм, æвæдзы. Æгæр размæ хæссы йæ риу,— Йæ фезмæлдыл цæст дæр нæ хæцы; æ бакуыст — арт... — Йæ аххос циу? — Æниу мæн куы уаид Фатимæ; Ыссарин фаг æхсар мæхимæ Æмæ æлдары 'фсондзы бын Æз дæр, æргом дын æй зæгъын, Уæд не 'ппæлин гъеуымæй къаддæр Мæ цагъарон куыстуарзонæй... Æнæ Фатимæ уый мæнæй Нæ ацыдаид царды раздæр,— Мæ хуызæн уаргъхæссæн хæрæг Уыдаид адæмæн æгадæй... Йæ усы фæрцы фервæзт лæг Мæгуырдзинад, цагъар, фыдцардæй,— Йæ ус уыдис æппæтгæнæг... Æнæмбæлгæ уый махæй адард,— Ысхызти цагъайраг бæрзонд. Цæй тыххæй уæд, цы уыд йæ фадат? — Кæй уыд йæ усимæ æмзонд... — Æнæхъуаджы дзурыс бынтондæр, У худинаг мæнг фау хæссын! Уыд Ибрагимау, зон, нæ бон дæр Мæгуырдзинадæй фервæзын!.. Уыдтай йæ, зоныс æй дæхæдæг, Кæм уыд æгас комы æндæр лæг Сæрæндæр бакуыстмæ? Кæцы? — Гъеуый тыххæй нæ уыдис, цы, Фатимæйы æвзæрст, миййаг?.. Уыд Ибрагим кæвдæсард махау, Фæлæ сæрибармæ фæндаг Нæ иу дæр уый хуызæн нæ къахта; Фæллойыл хъардта 'дзух йæхи, Æмæ сæрибар лæг ысси... Уыныс, гъеуый тыххæй лæварæн Уый аккаг хорз амонд фæци: Кæд адæм алцытæ дзырдтой, Уæддæр æй равзæрста æмгарæн,— Скодта дзы Фатимæ мой. Æмæ нæ фæрæдыд... Фыдгой Нырмæ сæ цардамонд нæ зоны: Фæллад бæлццон лæджы фæхоны, Салам дæтгæ, сæ рухс хæдзар Йæ райдзаст уынд, кæрдзындæттонæй. Æдзухдæр дзы вæййы хæлар Сыкъайы сау бæгæны 'нхъизгæ Æмæ фæлмæн цыхтæй хæбизджын... Бынтондæр фендæр ис нæ цард: Иу цин кæны, æндæр — æнкъард,— Тæригъæд у сæ кой, сæ фауын,— Æппæт аразæг дæр хуыцау у... Дзырдæн зæгъæм, Дзамболат, мæнæ — Æлдары байзæддаг... Кæм уыд Гъеуый хуызæн сæрæн æппæтмæ, Уыд адæмæн сæ ном, сæ цыт... Уацары бахаудта... Фæлыгъдис... Фæстæмæ та нæхимæ 'рцыдис, Фæлæ ма рагцардæй цы уыд? — Æрдæгхæлд хъæу мæгуыр, фыдуындæй Æмæ зæронд мæсыг кæлдтытæй... Наибимæ фæци сæ кад Берданкæ, дугъон æмæ кардæн... Фæлæ æлдæртты цотæн ад Нæма кæнынц уæддæр сæ царды Цæвæг, фæрæт, бæндæн, дзывыр ... Цагьайрæгтæ сæм нал ис ныр, Сæхи та сын фыд-зивæг домы... Фæлæ, дам, стонг æмгъуыд нæ зоны, Æмæ, зæронд уафсы хуызæн, Цъыф хæсгæйæ æмæ рыг калгæ, Æлдар дæр адæмы æхсæн Хæты, йæ фыды исбон хъаугæ... Тæригъæд дæр у, худæг дæр! — Нæ йæ фæнды, уа мах æмсæр, — Æмæ цытæ кæны, кæс-ма йæм! — Æфсæддонау гæрзифтонгæй Æгас афæдз хъæуи-хъæу уайы, Æмæ йæ сау мысинæгтæй Уый адæмы зæрдæтæ къахы Кæмдæриддæр... Æнæфсæрмæй Лæвæрттæ домы уый тыххæй... Нæхи Дзамболат дæр раст — ахæм... Тæрсын мæгуырæг Ибрагимæн, Йæ усимæ дзы сфæлмæцдзæн... Тæрсын, фæуыдзæн сын хæссинаг,— Рæхджыбон уыдонмæ цæрдзæн, Æмæ уæд не 'лдары фыдæлтæ Сæ рустæ тондзысты мæрдты... Фæлæ уый циу, кæс-ма йæм ды, Мæ цæст дæр мæ куыд сайдзæн? — Уæртæ Уым чидæр уыд, куы нæ федта, Уæд амбæхсти... — Æвæдзы та Уый дымгæ хъазы даргъ тæрсæй Æмæ йын банкъуыста йæ аууон. Фæлæ æгъгъæд... Ныр нын у афон,— Уæлæмæ сыст, зæронд лæг, цæй,— Нæ уæнгтæ аивазæм мах дæр...
* * *
Бынтон тархъæд... нæ зыны арв дæр... Ныххуылыдз куырæт... къухтæ 'ндзыг... Æддæуæз фæрæтæн йæ цъыкк Кæны цæфæй цæфмæ уæззаудæр, Æмæ тыхджын улæфтытæй Фæлмæст риу исы хи бæрзонддæр... Фæлæ йæ чи зоны, фыдбонтæ Ам Ибрагим цы федта, стæй Куыд рафтыдта уый ам йæ уыргтæ?! Уæддæр у бирæтæй мæгуырдæр Сæ хъæубæсты... Цы йæ бон у? — Иæ хъысмæт æй нæ уагъта размæ, Æдылы сабийæ уыд хъазæн Гъеуый, бынтон сидзæр лæппу, Æфсæст, фыдуаг сывæллæттæн... Æрдæггомæй, æрдæгæфсæстæй Уый цыд фиййау... Хуыцауы рæстæй Йæ цард æрвыста хъомты 'хсæн. Дыгъта-иу фос, сæ бын сын марзта, Чысыл къуыхцы, чысыл фæстиат Æфтыдтой уый æфхæрды, масты,— Æдзух æлгъыст, æдзухдæр над... Сæрибармæ куы цыд, уæд та йын Иæ къухмæ радтой гæрз, фæрæт, Æмæ цæйбæрц куыста уый уæд! — Æхсæв уа, бон нæ зыдта стайын... Йæхицæн сарæзта хæдзар, Æмæ йæ фыдбылызы хайæн Йæ зæрдæ нал уыдис йæ бар — Наибы чызг ысси йæ уарзон... Йæ зæрдæ сагъæсы ныфтыд, Йæ цард фæзын... Хуыцау, ды базон, Йæхи марын дæр æй фæндыд, Фæлæ йæ зæрдæйыл нæ уыд Йæ бон фæуæлахиз... Сæ радæй Цыдысты бонтæ дæр æнкъардæй. Кæдæм? Цæмæн? Фæлæ æваст — Хъысмæтæн цу 'мæ исты амон,— Кæцæй йæм касти уыйбæрц амонд! — Фатимæйы зæрдæйы уарзт Уый фервæзын кодта фыдохæй: Цагъайрагæн фыццагдæр хатт Уый радта буц уарзондзинад... Æмæ та лæг ыслæууыд ногæй... Йæ риуы — ныфс... Йæ фæндаг — лæгъз... Æнæниз у, табу хуыцауæн,— Мæгуырдзинад дæлæмæ хаудзæн — Æрмæст фæллой дæ сæрмæ хæсс!.. Æрдз хъусы райсомæй нырмæ Уæззау фæрæты азæлдмæ... Йæхицæн ам бынат дæр н' ары Лæмæгъ зивæг... фæлæ æгъгъæд! Сызгъæрин тæлм æртыхта хъæд, Йæ аууæттæ ныгъуылынц тары,— Ныр афон у! Йæ тар цæсгом Æрсæрфта цъыф фæдджийы разæй Æмæ фæхудт фæлмæн æнгасæй... «Лæвар нæ ратдзынæн бынтон Мæ базайраг æз къупецагæн,— Ысдзырдта 'нцад,— фæлæ уæддæр Хорз нæу уæлдай бадт кæнын махæн...» Йæ фæрæт систа 'мæ цæхгæр Фæзылди бæлæсты æхсæнты... Йæ алфамбылайыл дон пырхгæнгæ, Æрттивы иу суадон... йæ сæрты Æрбахызтис æмæ зыдæй Йæхи ныггуыбыр кодта донмæ. Ысцъырдта дзы зæрдæбынæй... Йæ сау фæлмæн рихитыл донвæд Цыкурайы фæрдыгау хъазы... Æрсæрфта рихитæ цæрдæг, Ыскаст хæрдмæ... Йæ тынтæ ласы Хур цъититæй,— ныр у хæстæг Йæ изæрон ламаз рæстæг... Æрбадти... раласта йæ куырæт... Йæ дзабыртæ... йæхи æхсы... «Хуыцауы ном дæ зæрды гуырæд» — Æмæ куыд æнувыд хæссы Æппынæдзух уæд уый йæ риуы Йæ хур — Фатимæйы фæдзæхст... «Хуыцау хатыргæнаг у... Иууыл Ыстæм мах уый бæрны æрмæст»,— Мæгуырæг, хаттæй-хатт йæ цуры, Куы йæ рæвдз кæны балцмæ, уæд Куыд лæгъстæ байдайы, куыд куры, Цæмæй хи хъахъхъæна, 'мæ мæт Кæна йæхи тыххæй тыхджындæр... «Чысылдæр кус...» Цæмæй æндæр Дæуæй уа арæзтдæр, уындджындæр?! Нæ, нæ!.. Дзырдта ма-иу цыдæр... Кæдæмдæр адзæгъæл йæ хъуыды,— Чысыл фæтар... Фæлæ та 'васт Фæзынди худæндзаст йæ былтыл, Фæхудт хъæрæй... Хъус, пыхсы бынты Цыдæр æруад, къæцæл фæсаст... «Тæрхъус уа хъуамæ... Æ, гæппой! Нæй топп, æндæр дæ сæр дæ кой Бæргæ фæуид ныртæккæ пыхсы»... Фæлæ фæсабыр ис... Нæ хъуысы Ныр пыхсæй иу сыбыртт... Нæуæг Æргуыбыр кодта донмæ лæг Æмæ фæхудт йæ мидæнгас... «Æвæццæгæн, ныр иунæгæй, Тæрсдзæни 'хсæвы талынгæй... Цыдæр æнæбамбаргæ тас...» — Æмæ цыдæр æмбæхст хъуыдыйæ Йæ æрфгуытæ фæтар ысты... «Дзамболат хæхбæсты кæдæй и, Гъеуæдæй фæстæмæ тæрсы!..» Нæуæг та 'рбайхъуысти уынæр... Фæцыд гæрах... Йæ тыхджын хъæр Æппæт кæмттыл æваст фæпырх и Æмæ дзæвгар рæстæгмæ дæр Нæ сабыр кодта хæхты сæр...
* * *
«Уый, чи зоны, 'мæ уарзæг бæлон Йæ къаймæ й' ахстонмæ тындзыд»,— Ысдзырдта сахъ фиййау йæ фæндон, йæ хъустыл дард гæрах куы 'рцыд; Ныуулæфыд зæрдæбынæй Æмæ ныззарыди хъæрæй: Лæппын бæлон иунæг Куы уа, уæд нæ хъазы,— Йæ ахстоны мидæг Нæты 'мæ дзыназы... Тæхгæ йæм, йæ уарзон, Тæхгæ йæм, цæй, тагъд! — Æнæ дæу æгас бон Кæны уый æнкъард!.. Нæ йын хъусы, агъæц, Йæ сидынмæ, уæууа,— Циу искæйы сагъæс, Йæхæдæг куы нæ уа! Дзæгъæл дæ ныууагъта Дæ уарзон бæлон,— Мæлгæйæ ма загъта Дæуæн уый хæрзбон!
VII
Изæры хур йæ зæрин цæстæй Ыссыгъта хохы рындзыл арт... Фæцæуынц хъæумæ фос æфсæстæй... Æздыхсгæ уайы фæздæг дард... Æрбахызт аууон æрхмæ, коммæ; Фæзынди дæлфæзрæтты тар... Черкесаг чызджытæй дзæвгар Æд гогонтæ æрцæуы донмæ... Дон систой раджы, фæлæ нæй Кæрон сæ хъæлдзæг худт, сæ фæндтæн,— Уадз, афтæ уæд! — сæ фыдцардæй Уадз, ам æнæрлæугæ уылæнтæн Зæгъой сæ сусæг фæнд, сæ маст... Æрбафты цæстысыг ам донмæ Æмæ фæцæуы фурдмæ 'мраст... Фæлæ нæ цæуы зард кæронмæ Хъæргæнаг доны был,— æнцад Ныхъуыры доны хъæр ам зард... Сæ рæзты 'рцыд бæхджын лæг донмæ... Фæтарстысты... Фæци сæ дзырд... Æниу цы гæнæн ис, у афон! — Æгæрдæр ма фæдзырдтой абон... Фæлæ Фатимæйыл цы 'рцыд? Цæмæн ма баззади сæ фæстæ Уый иунæгæй?.. Куы бахуыссыд Иæ изæрон фынæйæ бæстæ? Кæс, митсæр къæдзæхтæн фæтар и Сæ буц сæуæхсидон сырх дари... Уад хæхтæй уазал тæф хæссы!.. Дзыназы, дурты 'хсæн тыхсы Цæугæ цырд дон... Ызмæлæг нал и... Æрталынг ис... Уæддæр уæндонæй Нырма Фатимæ 'нцад кæсы: Цыма раст уылæнты хынцы,— Йæ цæстытæ нæ исы донæй... Фæлæ сæ хынцын нæу æнцон,— Изæр сæ тагъд фæхæссы дон... Куыд зардзæни?.. Куы нæрынц зæлтæ Сабыргай уæлдæфы... сæ хъыг Цæйбæрц у уæд, куыд судзынц зæрдæ, Уым цас и уарзонад, цæссыг!.. Тар æрбамбæрзта зæхх, Æрдз æрфынæй дзæбæх Æмæ тауы ныр æхсæв йæ фынтæ... Риу фыруарзтæй хъæрзы,— Цæй-ма, тагъддæр фæзын, Уæ мæ ахсджиаг, фæсур ын йæ рынтæ. Ног та 'руадзон æз дæр Буц дæ риуыл мæ сæр 'Мæ та зарон дæуæн æз фыццагау... Ног та дзурон дæуæн Æз мæ уарзтыл фæлмæн Æмæ судзой мæ батæ дæу артау...» Йæ фæстаг зæл нæма 'рцыд саст,— Нæрыд ма уылæнтимæ фæзы, Нæ хъус рæвдаугæ, афтæ 'васт Фатимæйы цæстыты рæзыд, Раст аууонау, нæ геройгонд Æнæ салам, фæдисдзастимæ... Фыдхъуыдытæй фæтарст Фатимæ, Ысзылдтой йын йæ сæрызонд, Йæ риу-ын балвæстой уынгæг... Æваст æрыхъал ис, фæкасти; Æррайау къахвæдмæ фæраст и, Фæлæ йæ размæ февзæрд лæг... — Стæ, ауадз мæ! — Дзамболатæн Мæстон худт равдыстой йæ былтæ... — Цы дæ хъæуы? — Ды дæ ныр мæн... — Æнамонд гуырд! Æрæгмæ 'рцыдтæ,— Фатимæ нал цæры дæуæн... Цæмæн дæ бахъуыдис мæ сæттын? Æви мын нæу фыдæн æгъгъæд Æвзонджы саст сæнттæн сæ нæтын, Мæ сау хъынцъым, мæ зæрды мæт, Мæ цæстысыгтæ 'мæ мæ катай?.. Æнæхатыр, цæмæн ыскъахтай Мæ рынчын зæрдæйæн йæ фын? Æмбар, æргом дын æй зæгъын,— Æз дæн æппæтдæр Ибрагимы — Мæ кад, мæ цард, мæ амонд — иууыл... — Зон, уыдон нал сты, куыд нал и Мæ зæрды уыдонмæ фыдæх...— Йæ хъæбыс бадардта уæрæх... Фатимæ фестъæлфыд... фæтар и... Йæ туг æгасæй сæрмæ скалд... — Ныууадз, сæрхъæн! Æз мады кад Нæ ратдзынæн, уый зон, æфхæрдмæ... Кæд нал зоныс тæригъæд дæр, Гъеуæд дын æз...— фæзылд цæхгæр, Фæлæбурдта йæ разы хæрдмæ, Дур фелвæста, ныззылдта къух... — Гъа, амар мæ! — Дзамболат дзуры,— Гъа, амар мæ, фæлæ дæ курын, Чысыл мæм байхъус, ма кæн дугъ... Мæлæт мын нæу тæссаг,— æрмæстдæр Дæ зул ракастæй тæрсын æз; Хуыцау уыны — дæхæдæг кæс,— Куыд уарзын, куы, Фатимæ, дæу... Æнæ дæу æз цы кæнын цардæй? — Æрвитин бонтæ 'лгъыст, æгадæй,— Раст ахæстон... Уый цард дæр нæу!.. Фатимæ, 'рымыс-ма дæхæдæг Нæ мæстæйдзаг фæцухы рæстæг! — Ды зоныс, бавзæрстон уæд æз Ехсы цæфтæ, рæхысты уæз... Фæлæ цæмæй дæ цуры уон,— Æппæт зындзинæдтæн быхстон... Ды та! — Ау, ныр дæ зæрдæйæн Æндæр лæвар аккаг нæ дæн?.. Цы гæнæн ис... Цæй, амар мæн!— Мæ цард æдзух уыдис дæуæн... Фæлæ ма 'рхъуыды кæн, куыд уыди, Æрмæстдæр-иу сызгъæрин мæй Иæ цалхыдзаг бæрзонд куы стылди, Æппæт æрдз-иу куы бафынæй,— Мæ хъæбысмæ куыд уадтæ, уæд... — Æнцад, æнцад! Æлгъыст фæуæнт! Хъысмæтæн мах амонгæ нæу... — Нæ, нæ, Фатимæ, зонын дæу,— Нæ ферох кодтаид дæ зæрдæ Нæ дзæнæтон дзæбæх æхсæвтæ!.. Фатимæйы цæсгом — фæлурс; Хъæдабæхуыз ыстыр цæстытæй Фырмаст æмæ фырзæрдæрыстæй Цæссыгтæ калд, сыгътой йæ рус... Лæууыд æнæсдзургæ... — Хуыцау! Ау, цавæр у, хъысмæты къухты Нæ цард куыд уыдзæни æдзухдæр Хынджылæггаг! Ыскарстай, ау, Æнус ахицæны тæрхон Дæ зæрдæйы?.. — О, о, хæрзбон! — Фæлæуу, уæдæ, уый нæу дæ бон! — Мæн дæ ды ныр... — Дæ чъизи тугæй Дзуапп ратдзынæ, æууæнд, мæнæн... — Мæ уарзондзинады рæсугьдæй... — Хъуыранæй ард хæрын, уыдзæн Мæ мойы бон æнæхатыр Йæ маст райсын... — Уырны зынæй. Зон, Ибрагим дæу нал у ныр... — Цы загътай, цы?.. — Зæгъон дын æй,— Миййаг ыстыр хъуыддаг нæ уыд; Æнæнхъæлæй кæй айста къайæн,— Кæмæй уыд буц æмæ рæвдыд, Гъеуый æгæр уарзта, зыдтай йæ, Дæ Дзамболат... æмæ йæ ныр...— Йæ дзырд фæци æви нæма,— Вæййы мæрдон хъæлæс къуырма,— Чысылгай байдыдта зыр-зыр, Æруагъта цæстытæ дæлæмæ... Æнæхъару лæмæгъ цъæхахст Æрбайхъуысти уæд дзуаппæн лæгмæ. — Фатимæ,— сдзырдта ма æваст... Лæмæгъ дидинæгау Фатимæ Фæцудыдта, фæлæ фæцырд Дзамболат уæд, æмæ йæ риумæ Æрхаудта уадзыгæй... Ыстылд Фынæй æрдзы сæрты зæрин мæй... Ком хъазыдис йæ буц зефирæй... Йæ дурджын хуыссæны бынæй, Æнæсалам къæдзæхтыл хаугæ, Куы та æхсæрдзæны былæй Йæ фынчыты пырхæндæг таугæ, Сырдау фæйлаугæйæ бырсы Хæххон цырд дон... Йæ сæрмæ былыл, Раст рахауæн бæрзонд къуылдымыл Фатимæ уадзыгæй хуыссы Йæ æфсымæры хъæбысы... Дзамболаты йæ зæрдæ схойы, Кæны йæ 'нæбон мæт уынгæг... Цæуыл тыхса? Цы у фæсмойнаг?.. Фæлæ та 'васт мæгуыр сылгоймаг Æрчъицыдта, æгас у 'цæг!.. Ыскаст хæрдмæ... Куыд сабыр хæты Йæ цæстæнгас рæсугъд уæлæрвты, Æнусон рухстауты тæмæн Фæлмæн кæм æрттивы... — Кæм дæн? — Ысдзырдта тарстхуызæй Фатимæ, Йæ ных æрсæрфта æмæ цырд Фæгæпп ласта... Æркаст йæхимæ... — Кæм хуыссыдтæн... Цæхгæр лæбырд! Æниу куыннæ асхъиудтон былæй!.. Кæм ис мæ гогон та?.. Ам нæй...— Уый афарста... Æнæнхъæлæй Йæ рæдыд раргом мæйы руаджы,— Мæгуырæг, хинымæр дзырдта: — Уый дондзау чызг лæууы мæ разы, Фæлæ цы диссаг у ныр та — Бынтон æнæзонгæ лæг разынд... Ныккасти йæм... — Кæцы дæ, кæ? Цæмæн дæ ам?.. — Нæхимæ цом... Фатимæ ивазы йæ ком,— Ныззæмбыдта...— Куыд уазал у, Куыд та хæссы мæрдон уымæлад Нæ хæхтæй уад... Кæуы ма дон, Нæма суагъта ныр дæр йæ фæллад, Нæма басабыр дурты 'хсæн... Уый денджыз басабыр кæндзæн, Фæлæ ныр ам, зæрдæйы зынад Кæмæ хъардзæн... Кæуы ма дон... Æз дæр раст уый хуызæн куыдтон Дзамболатыл... Нæ, нæ тæрсын. — Дзамболат демæ ис, мæ хо,— Нæ дæ бауадздзæни тыхсын... — Дæлдзæх фæу, лæджы фыдхор! — Сырдыл уыраугæ фат куы суайы, — Гъеуæд куыд фесхъиуы, куыд уайы,— Фатимæ уыйхуызæн — цæрдæг Фæлидзæг ис æнæсæрфатæй... Æмæ ма 'хсæвы тары дардæй Æрбайхъуысти йæ хъæр æнуд: «Лæджы фыдхор!» — æмæ ныххудт...
КÆРОНБÆТТÆН
Ныббар мын, мæ кæсæг, кæд ме 'рхæндæг уац Ысфæлмæцын кодта дæ хъуыды... Мæ зæрдæмæ уыйбæрц фæцыди Кавказ,— Æдзух мæ фæфæнды йæ уынын. Æрæджы дæр та дзы æз балцы уыдтæн,— Фæзылдтæн мæ зонгæ бынæтты... Мæн нал бафиппайдтой... Хъæу фендæрхуызæн, Чысыл къæсты бæсты — хæдзæрттæ... Сæ къултæ сты астæрд, суанг пецæй æххæст. Сæ гæрзты бынæтты — кæсæнтæ... Æнæивдæй баззади иу хох æрмæст,— Йæ сæрыл хъуынайы фæзгъæртæ... Ныр дæр ма фæлгæсы сæрбæрзонд, хъуынтъыз Хæххон хъæумæ, фæндагмæ дардмæ... Суанг се 'взаг, сæ дарæс дæр ивынц сæ хуыз... Фæхæццæ сты не 'хцатæ цардмæ... Ыскъолатæ дæр дзы фæзынди... Уыдтон: Куыд рауадис иу уатæй иу сывæллон,— Æд чиныг, бынтон гом йæ фæрстæ; Æндæр лæппуйыл та уыд хъулон хæдон,— Стæй ноджы дæсгæйттæ — сæ фæстæ. Фæцæйцыдис иу ус раст уыцы рæстæг Бæгъæввад, йæ дарæс зæбултæ... Чысыл сывæллæттæ йæ фæдыл цæрдæг Ныййарц ысты, цавтой йыл дуртæ... Сæ æппæт фыдмитæм дзырдта уый æдзух Йæ диссаджы 'лгъыстаджы уайдзæф: «Фæлæуу уал, къулбадæг, дæ хæдзармæ 'рцу, Æнæ дæ фыд фендзынæ ахсæв»... — Уый чи у? — æваст уæд афарстон æз,— Цæмæн цæуы адæмæй хибар? — Нæ йæ зонын рагæй,— уæд духаны гæс Дзуапп радта.— Æрра ус Фатимæ... Уыдис ын лæппу дæр... Фæцæй йæ мардта, Нæ ахуыргæнæг ын æй байста... Уæд арфæгонд, — иу инженер, дам, æй уæд Ахуырмæ йемæ фæласта... Ныр баззади иунæг... Бонсауизæрмæ Йæхицæн фæлæууæндон н' ары... Æхсæвыгæтты та уый доны сæрмæ, Мæгуырæг, йæ зарæг фæзары: Тар æрæмбæрзта зæхх, Æрдз æрфынæй дзæбæх, Æхсæв тауы йæ диссаджы фынтæ... Риу фыруарзтæй хъæрзы, Цæй-ма, тагъддæр фæзын, Уæ, мæ ахсджиаг, фæсур ын йæ рынтæ!..
1889—1895