Коста Хетагуров Коста Хетагуров
Творчество Коста Переводы и ... О Коста О проекте

Переводы
- Ирон фæндыр
- Поэмы
Песни
Фильмы
ФАТИМÆ
Кавказаг таурæгъ Тæлмацгæнæг — Джусойты Нафи НОМАРÆН
Ах, фæхæссин мæ къухтыл, мæ чысыл хур, дæу Номæй буц лæгты, цъиусæрты разæй Ног, бæрзонд бæстæм, заргæ, — уым тынг уазал нæу; Æз, поэтау, уым уарзын фæразин. Саби хъазид мæ риуыл уым, райгонд мæнæй, — Иунæг уымæн цæгъдин æз мæ фæндыр. Сисид афтæмæй уый та йæхицæн фынæй, Мæймæ урс æхсæв рухс тын нывæндын. Æтт, цæй бирæ рæу зарджытæ ’рымысин уæд Фарнæй рухс зæххыл, адæмæй хибар!.. Æз цæуыл зарин, уый та — мæ уарзæгой мæт: Дуне — кусæнуат, цард та — сæрибар!..
I
Йæ уазæгдон у дзаг Наибæн Рæвдыдæй, арфæтæй, дзырдтæй. Йæ уазджытæ — Цæцæн, Гунибæй, Кæсæджы кадджындæр кæмттæй. Кæддæриддæр цыдысты ’хцонæй Хæствæлладæй Наибмæ, — кæд Фæиппæрд уаиккой сæ сонæй, Фæсусс уаид сæ зын, сæ мæт. Кавказы сахъ фырттæ æгъдау Кæнаг ысты, нæртон лæгау: Йæ туджджыныл дæр фембæлд бадты Æваст, уæд ын салам дæр ратты; Йæ кар ын амоны бынат, Нæ кæны искæй фынг æнад. Хæлæрттау, рабадынц, сæ мæт та У иу — фыдызæххы хæдбар; Йæ сæрыл, бархийæ нывæндтау, Хæцынц, — хъайтарты цур хъайтар. Ам уазджытæ ысты хъонæгътæ, Æмбар; Хъуыранау — уаз сæ цард, Куы сæ фæхъыг кæнай дзыхуæгъдæй, Цæудзæн дæ уæд дзыллæты ард. Ызнагæй лидзæг уа, фыдвæллад, Æви абырæг, удхаст, сым, Йе тарф рынчын, зæронд, æдзæллаг, Уæддæр ын ам вæййынц фысым. Сæ хъæуы сау рæсугъдтæ арæх Вæййынц сæ афæдзгуывды ам; Æвдисынц кафынмæ сæ арæхст, Дæттынц сын усгуртæ салам. Фæлæ дзы бирæтæн сæ зæрдæ Рыст у, — нæ сæм кæсынц дзæбæх, Ныллæг æруадзынц, уæд сæ сæртæ, Сæ уд чызджы фаутæй у цъæх... Наиб — зæронд, ысурс йæ сæр, Фæлæ мæлæты тасæй н’ асаст Йæ тых, йæ ныфс. Вæййы ныр дæр Йæ цæсгом тохвæдисы асæст. Æрæджы дæр, лæппуйау раст, Йæ хъару тохы бон нæ састи. Бæхыл-иу карз хæстмæ фæраст и, Цыуаны дæр сырдæй нæ тарст. Йæ фæдыл-иу ныфсхастæй цыд Æд гæрзтæ. Бастайын нæ зыдта. Йæ амæддаджы — æхст фæцыд, Уæд тигъæй арф коммæ æвзылдта. Æрæджы дæр ма, — туджджын ис, Уæд-иу йæ фæдыл зылд æхсæв дæр, Æмæ-иу й’ амæддаг фæцис, — Æрвдзæфау-иу фæмард йæ цæфтæй. Цæй, фод нæ сæрхъызой Аллах! Фæлæ нæу уарзыныл нæ зарæг, Нæдæр хæрзнамысыл; ныр мах Кæнæм нæ тугистытыл хъарæг. Цы зæгъæм, — бахъæуы нырма Зæронды ауадзын йæ фырты, Фæстаг ныфсы, зæгъгæ, кæд ма Ныммарид туджджыны фыдсырдау. Уый — йе ’намонд зæронд джигитæн: У сæфт йæ уды ныфс, йæ цард!.. Кæд разы нал вæййы йæ митæй, Уæддæр æй бадомы йæ ард. Æрмæст ма талынджы фæхъуызы Йæ ингæнмæ, хуыснæгау раст. Фыдгулау йе ’мгæрттæм фæхъызы, Фæкалы адæмыл йæ маст... Наиб... Йæ мастæн нæй кæрон, — Йæ иунæг лæппу Дзамболат ын Кæй фесæфт, уымæн циу йæ бон, Фæлæ ма зондæй уый дæр хаты, Кæй у ныр та йæ бæрп, йæ хæс Йæ ивгъуыд бон ныууадзын рохы Æмæ ма батыхсын æххæст Йæ чызджы хорз амонды охыл... Йæ кæнгæ чызг, рæсугъд Фатимæ Ныр у йæ зæрдиаг, йæ цин, Æмæ йæм басидти йæхимæ, Цыма уыд барджындæр æхсин. — Мæ чызг, ныззæронд дæн, мæ царды Æппæт дæр уыд, — фыдæбон, цыт. Ныр та рæхджы мæнæн мæ мардыл Ныккæлдзæн уæлмæрды сыджыт. Дæ мад куы ахицæн йæ цардæй, Уæд дын «мæн у» зæгъæг нæ уыд Æмæ ысдæн Хуыцауы ардæй Дæуæн, хæрз сидзæрæн йæ фыд. Мæ ард та ахæм уыд: кæндзынæн Мæ чызгау хъомыл дæу, ыстæй Уæздандæр усгурæн дæтдзынæн Мæ чызджы гъдау æмæ рæстæй. Раст уалдзæджы куыд рæзы хæхты Рæсугъд уарди æмбæхст, нымдæй, Ды афтæ рæзтæ м’ армы æлгътыл, Æмбисонд — уаг æмæ уындæй. Дæ ном, дæ нымд, дæ хорз æгъдæуттæн Сæ кой ныхъхъæр, мæ хорз фæдон, Æмæ дыл дунейы уæздæттæ Сæ цæст æрæвæрдтой бæстон, Зæгъ-ма, сæ иу дæр дын дæ зæрдæ Æппын нæ бакъуырдта лæгау?.. Ысты нæ уæздæтты хуыздæртæ, — Хъæуы сын радтын ныр æгъдау... Цард сафынæн, мæ чызг, æвгъау у, Дæ чындздзон рад æрцыд æцæг. Мæхæмæтæн йæ фæтк æвау у, Уый барвæндæй нæ халы лæг. Фыдæлты фæтк æмæ æгъдауæн Нæй аивæн, хъæуы сæ ’ххæст. Æнæдзуаппæй сын фаг у дауын, Уый нæй, уæд расиддзысты хæст. Фатимæ, ма мын къах мæ зæрдæ, Æнæуый дæр хæры уый маст — Фæци Дзамбол фæндаджы сæрдæн, Уæддæр ма уымæ у мæ каст. Йæ мад куы фæзиан, уæдæй Сымах мæ цæсты рухс уыдыстут. Мæнæн уæ тас æмæ мæтæй Мæ уд ыснарæг и фыррыстæй... Фæлæ... Уый фондз азы нæ зыны, Ды дæр нæ батыхсыс мæ зыныл!.. Фатимæ... Уый та куыд?.. Цæссыгтæ?.. Кæуыс?.. Фæлæуу-ма, уæд цæуыл? Æви мæ ныхæстыл фæхъыг дæ?.. Мæ мæт дæ сæрыл у, дæуыл... — Мæ фыд, цæмæн сафæм нæ рæстæг Ныхæстыл? Зонын æй æз дæр, Кæй нæм лæбурдзысты сæ мæстæй Нæ уæздæттæ... Уыдзæн хуыздæр: Мæн ратт, кæмæн дæ фæнды, уымæн, Дæуæн ныббардзæни Хуыцау дæр, Раст афтæ амоны æгъдау дæр, — Чызг й’ афоныл æрцæуæд куырд... Ам амондыл нæ цæуы дзырд... Æз разы дæн... — Мæ чызг, лæг лымæн Æз д’ амондæн кæнын æрмæст. Хуыцауæй ард хæрын, — мæ цæст Куы ’рттива, уæд уыдзæн дæ фæндон: Мæнæн цыфæнды ма уа зын, — Мæ бартæ, мæн, фыдау, цы фæнды, Æз уыдоп ингæнмæ хæссын. Фæнды мæ фехъусын æрмæст Дæ зæрдæйы тæрхон дæхицæй, Кæд уый æрцæуа тагъд æххæст, Уыдзынæн уæд мæ мастæй хицæн. Кæй мыл худынц нæ хъалтæ ныр, Мæ цæстмæ мын дæ кар кæй дарынц, Гъе, уыцы тауыс дæр æмыр Кæд уаид уæд æмæ ныббарин Сæ фыддзых уыдонæн... — Мæ фыд, Дæ зæрдыл ма лæудзæн: фæдисон Цæцæнæй тар æхсæвы ’мбисыл Куы ’рхæццæ... Адæргæй тæлфыд Фыр фæлладæй æмæ дзырдта, Йæ цæссыг калгæйæ, уæ разы Сæ митæ джауыртæн... Куырдта... Сымах дæр уæд хæцыныл разы Уыдыстут уе ’ппæт дæр. Æваст Æд гæрзтæ абырстат Сулакæн Йæ уæлбылтæм... Æмæ дæм раст Дзырдтам, зæгъгæ, хæрзиуæг ракæн... Дзырдтам дæ фыртимæ æмзондæй, Зæгъгæ, йын хæстмæ ратт фæндаг... Дæ зæрдыл ма лæудзæн йæ лæгъстæ, Йæ куывд Хуыцау æмæ дæумæ... Нырма хæрз æвзонг уыд фыдхæстæн, Йæ цард та — хуры скаст, сæумæ... Фæлæ ды сразы дæ йæ фæндыл... Мæ сонт уд амæла!.. Æз дæр Цыдтæн, сывæллонау, йæ фæдыл!.. Нæ нывы ницы уыд æндæр. Лæудзæн дæ зæрдыл, уыцы балцы Йæ хуызæн ничи уыд дыккаг... Мæ фыд, уæд уый тыхæвзар н’ ацыд, Йæ фæнд — Сæрибарæн лæггад!.. Сæрибарæн! Уый уарзта уæд... Мæ фыд, ныббар мын æй, сæттын ыл!.. Æз иунæг баззадтæн йæ быныл, Гъеуый мæ хъизæмар, мæ мæт... Ныр фондз азы — фыдтар, æвæд! — Дзæгъæлы уыд мæ каст æнхъæлмæ, Æхсæв — æгъуыссæг, бон-изæрмæ, Уæддæр æвæстаг уыд мæ мæт... Æцæг, нырма дæр мæн нæ уырны, Кæй нал ис уый, æмæ кæсын Æнхъæлмæ, хъалы уон, йе фыны, Фæлæ цы сты мæ мæт, мæ зын?.. Цы у чызджы сомы, йæ ардау?.. Йæ цард дæр ницы у йæ мардау!.. Ды кæн нæ фыдæлты æгъдау, — Æвæццæгæн, нæ ныв уыд афтæ, Нæ нын уыд иу амондмæ бафтæн, — Хуыцаумæ уый фæкаст æвгъау... Хæрæм мах хицæнтæй нæ хъиутæ, — Хæрзамонд не ссардта нæ иу дæр. Мæ фыд, æз разы дæн дæ дзырдыл, — Мæн амондæй нæ фæци хай... Кæд мæ фыдæлты фарн æрсырдта, Уæд ма цæуыл кæнон тæргай?.. Уæд æз мæ сонты ард сæттын, — Уæд рохы уадзын Дзамболаты Æмæ мæ царды ныв бæттын Æз Ибрагимыл... Æмæ хатын Дæумæ... — Мæ чызг?! — Хуыцау мæнæн Мæ хъысмæт уыимæ ысбаста... — Гæвзыкк, æгад! Куыд ис гæнæн?!. — Мæн уый зæрдиагæй ныууарзта... — Нæу уæздæттæй!.. — Нæ хъæуы мæн Уæздан лæг... Иугæр æз ныгæнын Мæ сонт бæллиц, уæд ма цы кæнын Нæ уæздæттæй? Æууæнд, мæ фыд, Куыстæй, фыдæбон æмæ армæй, Рæстдзинад, уарзонады хъармæй Мæ цард уыдзæн фæрныг, æвыд... Мæ фыд, ныр базыдтай мæ фæндтæ, Дæ чызг дын сæ зæгъы æргом, Æмæ йын банымай йæ сæнттæ... Кæд ницы сты, уæд ма ратт ком. Дæ тæрхон фод дæ зонд, дæ ном. Йæ цæсгом армæй фыд нымбæрзта, — Йæ зæрдæ сонт дзырдмæ ысхъыг... Зæгъинаг ницы ссардта, рмæст ма Ызгъалы гауызмæ цæссыг...
II
Æмбисæхсæв. У уæлдæф сатæг. Рæу уддзæф симы фæзты хатт. Ыскодтой бæлццæттæ, æфсадау, Сæ уæрдæтты æхсæн бынат. Сæ галтæ ’ууилынц донбыл кæрдæг. Ныззарыд лæгтæй иу сындæг. Нæ хохаг зарæг у æрхæндæг, Кæны лæджы зæрдæ уынгæг. Ам иу лæг та йæ ком ивазы, Уæлгоммæ цъæх нæууыл хуыссы. Йæ цæст бæрзонд арвыл хæссы, — Ыстъалы стыр хуртуан — йæ разы... У æхсæв диссаг!.. лæг фæлвары Нымайын рухсытæ уæларв, Цыма æрвон цъæх-цъæхид тары Æмбæхсынц ирд цæстытæ арф. Лæг та йæ хъуыдыты дзæгъæлæй Фæхæты дард æрвгæрон уæд. Уæларв Хуыцауы конд æгъгъæлæй Ысвæййы дун-дуне йæ мæт. Лæг буц у, бархи кæй у, уымæй, Йæ хъуыдыйы æдых — йæ мæт. Йæ бон нæу атæхын йæ къуымæй Уæлæрвтæм, — базонын æппæт. Нæ радта ахæм зонд йæ хъысмæт Лæгæн, — кæмæ дзура æххуысмæ?.. Ам иу лæг багуыбыр и артыл, У иннæмæн йæ сагъæс галтыл. Черкесæгтæ рæгъæй æрбадынц Уæд арты фарсмæ уым бæстон. Дыууæ кæстæры та сæм хатынц, Сæ дзаггæрзты — æнхъызт мыддон. Куыдхистæрæй ныуазæн исынц, — Фынгæн йæ аив у æгъдау... Сæ цуры арты ’взæгтæ ризынц, Фæсурынц æхсæвæн йæ сау. Сæ хæрд — хъæбæр кæрдзын цыхтимæ, Фæлæ сын чи уарзы сæ цард, Уый айсы рагон зын йæхимæ, — Æхцон ын у сæ хæрд, сæ арт... Æцæг, мæ чиныгкæсæг, махæн Нæу ахæм хæлц хæрзад, æхцон, Нæ уарзæм мах хуым кæнын, къахын; Цы уарзæм, уый — æгуыст, æнцой! Фæлæ, сыбыртт! Æрбацыд чидæр, Йæ къахдзæф айхъуысти æваст... — Хуыцауæй арфæгонд уæ изæр, Хуыцау уын айсафæд уæ маст!.. Салам дæтгæ, зæгъы фæндаггон, Уый тарæй артмæ рахызт цырд. Æмæ йын сыстынц, се ’гъдау рагон Кæнынц... — Уæд арфæйаг дæ дзырд! Нæ фынгыл кæд нæ дæ æрмист лæг, Кæд дæм ыстæм лæгтыл нымад, Нæ цуры уæд фæрнæй æрбад Æмæ нын рахабар кæн исты... — Цы зæгъон?.. Лекъаг лæг, æнамонд, Нæ дæн хуыцæуттæй æз æрвыст. Нæ мын у дунейы фарн амынд, Фæдæн æрвон зондæй сæрхызт... Хæрз сидзæр — сабийæ, гуыдынхъус, Æхсæв кæйдæр хъæмпыл — хуыссæн... Мæн иу ус, кардзыдæй куы ныххус, Уæд систа барвæндæй хæссын... Нæ къæс — зæронд, къæдзастæу — саргъау, Уырзыйас хус къæбæр — нæ хæрд. Фæсæхсæвæр — цы хуыздæр аргъау, Æмæ фæци нæ дзул лæвæрд... : Ныххардз мæ саби дуг гъе ууыл, Мæ мадгондæн цæрын фæзын... Æмæ æмбæлд уæд сонт лæппуйыл Йæ мады истæмæй хæссын... Мæ бонгуыст — хъалты куывдтыл зилын, Айуанау хъуамæ уым хырхай... Зылдтæн сыл баронæй, пысмилæй, : Сæ фæлхортæй мын кодтой хай. Æмæ мæ мады уымæй дардтон, Æвзонджы бонты уый зын нæу. Мæ мадæн марды ’гъдау куы радтон, Ныууагътон уæд мæ куыст, нæ хъæу. Уæдæй нырмæ хæтын нæ зæххыл, Æмбалæн мын — хызын, лæдзæг. Æз зарын алкæмæн, фæзæгъын Мæ арфæ се ’ппæтæн æцæг. Уæд ма уыди ыстыр мæ хъару, Мæ фидæн хорз æнхъæл уыдтæн. Мæ уд фæндыд мæн тохæн хъарын, Фæлæ фыдфыны хай фæдæн. Мæ зонд ма дард кæмдæр æрцахстон; Тыгъд быдыр, урс митæй йыл гам... Йæ адæм та — тызмæг, хæрам, — Æцæгæлонæн уым нæй ахстон... Цы мæ бон уыд?.. Мæ цард — фыдудæй Æниу мæ тынг фæндыд цæрын, Фæлæ мæ сбынæй кодта рын, Æмæ мыл систой адæм худын... Ыстæй уым тарстæн — мæн куы рцахсой, Мæ тас нæ рох кодта мæнæй... Дæ нау фыцгæ денджызы басхой, Фæлæ дзы ма фæу бынæй Æвирхъау уылæнты... Мæ цард Ысси, фыдæлгъыстау, æнæцин, Нæ дзы уыд рухс, æдзух — æнкъард, Фæлтау мæ сау туджы куы мæцин... Мæ бонтæ, тар мигъау, цыдысты, Цыма фыдбылызæн уыдысты... Ыстæй уæд иу афон мæ цардыл Мæ цæст куы ахæссин æз дардыл, Куы бамбарин: фæстæмæ нæй Цæуæн, — уыдзынæ ахст бынæй... Куыд быхсдзæн лæг?.. Фæлтау — мæлæт, Мæ ингæн их хъæпæн фæуæд. Цæугæ!.. Мæ балц зын æмæ тар... Бон хурæй тæрс æмæ æмбæхстæй Нæ сау хæхтæм дæ фæндаг дар... Уым быдыр — денджызау æгæрон, Сæ цæугæдон та — денджыз раст. Уым дуне сау мастæй ныззæронд, Уым рæстæг бандзыг, зæххыл баст. Уым донзоныг ныввæййынц къæхтæ, Лæджы удыл — зæххæмуæз уаргъ. Фæстейæ фæндаг — салд, дыдæгътæ, У разæй та, æнустау, даргъ. Æмæ ныммæгуыр вæййы зæрдæ, Ысуынгæг уд æмæ хъæрзы... Ысфæнды дæ куы бафтис мæрдтыл, Фæлæ та... фын... Фæци дæ зын... Уыныс та ног нæ зæхх, нæ хæхтæ, Нæ кæмтты тар хъæды тæлфын. Куывды бон де ’мгæртты тæурæгътæ, Сæ зарджытæ... Гъеуый дæ фын!.. Æмæ уæд, фатдзæфтæ ыстайау, Фæгæпп кæныс: цæугæ, цæугæ!.. Фыдызæхх дæ йæхимæ сайы Æмæ тæхыс — кæлгæ, кæугæ... Уæ хорзæхæй, мæнæн ныббарут Мæ ныхас — даргъ ныхас тыхстæй. Мæгуыр бæлццон æндæр куыд дара Йæхи, — цæссыгæвдылд, рыстæй?.. Мæ цæссыгтæй уын æз уæ къæбæр Уымæл кæнын, фæлæ хатыр. Мæ уд ныссалд æмæ ныхъхъæбæр, Уæ артмæ кæд ыстæфсид ныр... Дæрдбæлццонмæ æмырæй хъуыстой, Нæ сын уыд хъусын дæр æнцон, Фæлæ кæцæй цæуа фыдрыстæй, Йе чи у, цавæр у, кæцон?.. — Уынын, кæй нæ цæуы мæ дарæс Уæ зæрдæмæ, — зæгъы та лæг, — Цы кæнон, цæй, фыдхуыз мæ арæзт, Кæнын уæ дарæсмæ хæлæг. Цы дæн? Æдылы лæг, дзырдарæхст, Фæлæ рæсугъд сылтæн — æхцон. 0, худæджы хал у мæ дарæс, — Фыййауæн нæу цæрын æнцон. Ныр дæр цæуын... Æввахс цы хъæу и, Наибæн уым кæндзынæн цыт Мæ зардæй... Уый æндæр цы хъæуы, Зæронд лæг у... Гъеуый — мæ цыд... Кæсынц æм хъусджытæ æмырæй: Наибæн бавæййаг у кæд?.. Уæд ма кæмæн цæгъддзæн фæндырæй, Кæуын æй бахъæудзæни уæд... Наиб куы ахицæп йæ бæстæй, Уæд ма йыл чи кæндзæни хъыг?.. Фæлæ сæ уазæгæн йæ цæсты Цымæ цæмæн æрттивы сыг?.. Уæд уазæг тарстхуызæй фæрсы: — Цы у Наибы коймæ уе нкъард?.. Зæронд лæг уыд æмæ тæрсын, Мыййаг кæд исты ’рцыди... — Не ’мгар, — Ысдзырдта черкестæн сæ хистæр, — Цыдæр æмбæхст лæг дæ, дæхистæн!.. Хæрын мæ урс зачъейæ ард, Нæу ардыгон дæуæн дæ зарæг, Уый нæй, уæд хъуысид ныр дæ хъарæг, Нæ тыхст удтыл æндзарид арт Йæ ниуынæй... Фæлæ нæм кæд Цыдтæ кæйдæр уæзæгæй, дардæй, Цæмæй нæртон арфæ дæ зардæй Кæнай Наибæн Дзамболатæй, Уæд байрæджы, мæ хур, бынтон, Наибæн баталынг йæ бон... Йæ уæлвæд фысымы ныхасæй Æрдиаг систа; цæссыг, хасау, Тæдзы йæ цæсты хаутæй... Фысым Нæ зоны — циу, цæуыл йæ хъынцъым Æмæ йæм удæргомæй дзуры: — Хуыцауæй курæгау дæ курын, Зæгъ нын, æфсымæр, ды æргом Дæ цыды сæр æмæ дæ ном... Уый нæй, уæд нал арæм бынат Нæ тыхстæй... — Дæн æз... Дзамболат...
III
Чысыл хъæу. Иу къæсы дæлбазыр Йæ чысыл сабиимæ мад — Нырма æвзонг сылгоймаг — хъазы, Нæ лæууы лæппу дæр æнцад. Йæ мадæй алидзын фæлвары, Фæлæ йæ рацахсы йæ мад, Ыстæй йæ рог хæрдмæ æппары... Фæтæрсы саби æмæ хатт Йæ къухтæ зæххырдæм ивазы, Нæ йæм у мады тас нымад... Тæхудиаг, чысылæй хъазын Кæй кодта, уыйау раст, йæ мад! Раст уыц’ афон æрлæууыд фæскæрт Тызмæгæй Дзамболат æваст. Кæм кæны ахæмтыл æрвæсгæ, Æмæ сæм рахсысти йæ маст... Сырд ма йæ амæддаджы афтæ Фæбары фæсфæд ран уындæй, Фæтæрсы, карз хæсты куы рафта, Фæлæ йын аздæхæн дæр нæй. Уæд дын, мæсты сырдау, фæгæмæл, Фæцыд йæ дæндæгты хъыррыст: «Къæбыс!.. Цагъайрагæн йæ цъæмæл!..» Йæ хостæй кæрты дуар ныррызт... «Уый чи хойы? — фæтыхсти исдуг Æвзонг ус, алæууыд æнцад, Ыстæй — «Нæ уазæджы хай ист у, Æви?..» — æмæ сындæг фæуад Йæ размæ уазæгæн. Æгъдауæй Цы баззад а зæххыл фæрнæй, Уый кодта ацы ус рæдауæй, Ныр дæр ын иуварс лæууæн нæй... Уыны, ныллæууыд хъен йæ разы Кæйдæр фыййау. Йæ худ — нымæт. Йæ цæсгомыл йæ хин худт хъазы, Цыма йæ ницæмæй и мæт. Йæ цæстытæй кæлы цæхæртæ Æмæ фæтыхсти ус, фæсырх, Ыстæй куы фæсабыр йæ зæрдæ, Уæд былтыл мидбылхудт фæпырх. Йæ зонд уæддæр нæу уымæй разы, — Уый хаты ам цыдæр хин ис, Фæлæ уал дзуры ус: — Нæ уазæг, Дæ фæзындыл нæ кæнын дис. Фæллад дæ, уый уынын. Нæ хæдзар Нæу цардифтонг, фæлæ æгъдау Цы домы, уый кæнæм. Æвæдза, Мæ сæры хицау у рæдау. Уый Ибрагимæй зæгъын афтæ, Йæ къæсыл баввæрс, цæй, ды дæр... Æвзонг ус ныр йæ уагыл бафтыд, Фæлæ нымдæй лæууы уæддæр. Нæ фыййаумæ кæсы æргомæй, Цы уыны, уымæй та йæ зонд Нæ хаты иу цыдæр æфсонæй, — Цы агуры ам фыййау сонт?.. Ысхъæлæй уым лæууы йæ уазæг, — Фыййау — фæллад æмæ ыстонг. Йæ дарæс — фæсм, йæхæдæг — хъазаг, У хохаг та йæ конд, йæ уонг. Бæлвырд у, нал дзы и дызæрдыг. Нымайы уазæг дæр æваст: — Дæ арфæ дардзынæн мæ зæрдыл Хуыцауы буц рæвдыдау раст! Мæнæй нæ уыдзæн никуы рохы... Æмæ фæцæр рæстæй, фæрнæй!.. Рæсугъдтæ бирæ федтон хохы, Фæлæ дзы иу дæ хуызæн нæй. Æз дæ æфсымæры æгъдауыл Кæм уарзын, уым мæ уæхстыл тух, Уæддæр дæ хъæлæс, удрæвдауæг, Мæ хъустыл уайдзæни æдзух. Хуыцаумæ кувдзынæн дæу тыххæй Æз ныр, цыфæнды раст куы уон, — Æндæр цы раппæлон мæ тыхæй, Фыййауæн циу, мæ хур, йæ бон... Æмбарын æй, — рæхджы мæ таурæгъ Дæуæй кæй айрох уыдзæн, раст Куыд атайы сæрддон мит арæх, Ыстæй æвзонг удæн йæ уарзт... Хатыр, фыййау уæвгæй, кæй уæндын Мæ уды сагъæстæ зæгъын, Ыстæй рæсугъд фæндтæ нывæндын, Уæлæрвты, сонт удау, тæхын... Дæ хуызæн сау рæсугъдмæ уарзын, Кæмæдæр мæйрухсы кæсын Нæ цæуы... Уыдæттыл нæу разы, — Йæ хъал удæн нæ кæны зын. Мæ фырдзырд мын ныббар, — зæххыстæн, Фыййау дзыхы къæбæлтæй нæу. Сымах та... Усы ’фсарм, рæхыстау, Ныббæтты... Уе ’хсæн нæй быцæу. Уæ лæгтæй дзурын дæр нæ уæндут, Сæ дзырд — сæрибарæй уæлдæр. Æмæ мæнг сомытæ нывæндут Сымæй... Цы нымд кæнон æз дæр!.. Уыныс, дæ уазæг нæу æгомыг; Зæгъгæ, йæ разы исты ис, Ысдардта дзаг сыкъа йæ комыл, Уæд та у дзурынмæ фæдис... Зæгъы йын ус: — Куы бæзза уазæг, Йæ хæрд уæд — дзул, йæ нозт та — дон. Вæййы æппæлыныл уæд разы Йæ фысымæй, ыстæй — бæстон. У афтæ иугæр, уæд уæндонæй Нæ мæгуыр фынгыл баввæрс ды. — Гъеуый — æфсины ныхас!.. Зон æй, Нырмæ дæр фынгмæ мæн фæндыд... Бæрæг у, не ’ндавынц ныхæстæ Ыстонг лæджы æппын, уæллæй. Ныр арфæгонд фæуæд уæ бæстæ, Уæ къæс, уæ къæсæртæ мæнæй!.. Дæ лæджы дын зыдтон кæддæр, Мах иумæ хъазыдыстæм хъулæй. Уый давта не ’ппæтæй хуыздæр, Фæлæ — тæппуд!.. Æмæ сæркъулæй Цард не ’хсæн... Иучысыл дæу дæр Зыдтон... Фæрссæг дамтæй æрмæстдæр... Уæ фырт у уый? — Нæ фырт. — Кæддæр Æз надтон ахæмты фырмæстæй... Мæ чиныгкæсæг, уый у диссаг, Сывæллонæн вæййы æргом Лæджы зæрдæ, йæ цин, йæ риссаг, — Нæ дæтты сайæн батæн ком. Ныр Дзамболаты дæр ысфæндыд Æфсонæн сабийыл тыхсын, Фæлæ йæм сонт лæппу нæ уæнды, Кæуы, цæмæйдæр дзы тæрсы. Æмæ йæ мадмæ радта лыгъд, Æрсабыр — раздарæны тыхт. — Табу рæстаг, бæрзонд Хуыцауæн! Хæрзæбон — фысымæн йæ хай! Ыстæй нæ хæдзæрттæм фæцæуæм, Æрмæст ма фысымы тыххæй Иу баназон... — Тæрсгæ дзы ма кæн, Хæлар у фысым Ибрагимæй. — Æххæст ма зæгъ дæ ном хæснагæн Æмæ дын ракувон... — Фатимæ... — Кæддæр зыдтон æз дæр, Фатимæ Кæй хуыдтой, ахæмы... Уæллæй, Нæ уыди уый хуызæн нæхимæ, Ыстæй æндæр рæтты дæр — нæй... Æлдары бинонтæ чысылæй Уый хастой, хи хъæбулау, раст. Нæ уыд бæрæг, кæмæй, цы сыл æй Ныййардта, фæлæ уымæ каст Æлдары бинонтæн сæ хистæр, Йæхи чызгау... Уый афтæ рæзт Сæрибарæй... Йæ уындыл дистæ Уæд кодтой хъæу... Йæ кой æххæст Дæрддаг дзыллæтæм дæр... Зылдысты Йæ фæдыл уæздæттæ... Æрмæст Хæрз дзæгъæлы... Уæдмæ æгъуыстаг Ысцырын Сунжæйы цур хæст... Æлдары иунæг лæппу хæсты Хъазуаты бон фæци хæрзсæфт. Æмæ йæ зæронд фыд йæ мæстæй Фынæй дæр нал кодта æхсæв... Кæмдæр йæ фырт фæмард, ысуацар, Бæрæг нæ уыд... — Нæ фæци мард?!. — Ыстыхсти ус. — Æрцыд йæ адзал, Æви кæмдæр уæнгбастæй цард, Нæ зыдта фыд æмæ, дзыхъмардау, Фæци. Дыккаг цæф та йын уыд, Йæ чызг йæ къух кæй систа й’ ардыл, Чындзы сæ цагъармæ кæй цыд. — Ды уыцы кой фæуадз æрдæгыл, Ыстæй йыл дзурдзынæ бæстон, Фæлæ лæппу-æлдар æцæг уыд Цæрдæгас уацайраг хæстон?.. — Уый дардыл таурæгъ у... Нæ фæнды Мæн дзурын: уацарæй куыд цард Рæхысбастæй уымæл ныккæнды, Куыд мысыд хорз ныфсæн йæ ард... Куыд дардта алыбон йæ зæрдыл Йæ уарзон сау рæсугъды уым... Куыд быхста, табæты æвæрдау; Йæ ингæн — тар ныккæнд, йæ къуым... Æрæджиау куыд æрцыд мæрдтæй Йæ уарзонмæ — ыстонг, фæллад, Фæлæ куыд нæ бафтыди цæрдтыл... — Цы хуынди уацар? — Дзамболат... — Хатыр, фыййау, æз судзын арты... Ысног та, хъарæгау, мæ хъыг... Æз зонын, не лдар лæппу мард у... — Дæ цæсты раз лæууы уырдыг!..
IV
Чысыл хæдзар ныссым, нытталынг... Нæзы цырагъ фæлрухс хæссы. Æрдæгæхсæв. Фатимæ хъал у, Йæ лæджы ’рыздæхтмæ кæсы. Зæдвынæй саби у æхсинæг, Æгъуыссæг, удивад — йæ мад: Тæрсы йæ бæлццон Ибрагимæн, Йæ цард æнæуый у æнад. Æваст уæд чидæр дыуар хойы, Ус фестъæлфыд, йæ уд фæрад: «Æрцыд!..» — æнхъæлы уый йæ мойæн, Йæ тæккæ цур та — Дзамболат... Цыдæр зæрдæуынгæгæй хаты, Хæрзæбонæн кæй нæу йæ цыд... — Ды та дæ, цы?.. — Æвзæр бынаты Фæдзæгъæл дæн... Зындонау уыд Мæ цæуæн... Хъызт... Ингæнау талынг... Фæласта фæндаг, хидтæ дон. Лæг нал уыдта æхсæвы малы, Йæ развæд, — й’ алыварс зындон. Тыхæй ма фервæзтæн... Фæфæстæ Мæ уды сау фыдæбон... Ныр, Дæхи рæвдз кæн: æхтонгæлвæстæй Кæнæм нæ дардвæндаг цыбыр. — Цы загътай, цы?.. — Цыфыддæр тасæй Æвидыц мауал кæн мæ тох Цагъартимæ... — Хæрам ныхасæй Хæссыс мæ удæн ды фыдох. Дæуæй æз уый æнхъæл нæ уыдтæн!.. — Мæн нал уарзыс? — Дæ хойау раст! — Цæй уарзт у уый!.. — Æз ныр æрцыдтæн, Хъысмæтæй ахæм уарзтыл баст! — Фатимæ... Мауал дзур!.. Нæ сомы Нæ ардбахæрд кæм ысты уæд? — Цы аивгъуыдта, уый цы домыс; Цы ма йын агурыс йæ фæд?.. — Фæливæг сыл!.. — Æз дæм фæкастæн Цыппар азы... Кæм уыд æнцон... Нæ уæздæттæ нымадтой м’ азтæ, Мæ фыдгойæ сыл кодта бон!.. Мæ курджытæ рæгъæй мæ разы, Йæ уæлæ ничи уадзы цæф, Фæлæ куы нæ кодтон æз разы, Уæд мыл фæсвæдæй калдтой цъыф. Цыппар азы быхстон зын раны, Ыстæй нæ фыд куы радта дзырд, Нæ равзæрстон уæд хъал уæзданы, Мæ мой — дæлбар лæгæн йæ фырт... Æмæ цæрын!.. Нæ дæн фæсмойнаг. Ныр у мæ ардбахæрд æцæг. Цæрын уæззау куыстæй, мæ мойау, — Куыстæй цæрæг вæййы хæрзæг. Ды хъуамæ цин кæнис, кæй исын Мæ азым, раст лæгау, уæддæр. Дæуæн та — сау æхсæв цæдисон, Дæ фæнд — мæнгард мийæ фыддæр. Æз бирæ бавзæрстон фыдмастæй... Цы ма кæнон мæ цард æнад?.. Мæ ног ардæй æнусмæ баст дæн, — Æз ныр æфсин дæн æмæ мад. — Уæййаг цагъайрагæн йæ ус дæ, Йæ мад — куыдзы хъæвдынæн раст! — Æрхаудтæ фидистæ ’мæ бустæм!.. — Хатыр... Фæлæ-иу ма кæ хъаст!.. Чысыл хæдзар ныссым, нытталынг... Нæзы цырагъ фæлрухс хæссы. Фатимæ хастуд æмæ хъалæй Йæ лæджы ’рыздæхтмæ кæсы... Нæ зыны Ибрагим... Сæ фырт та Фынæйæ тæрхæгыл хуыссы. Йæ уæлхъус иунæг мад, мæгуырæг, Кæугæ йæ сабимæ кæсы... Ныффæлурс райсомырдæм талынг. Сæуæхсидæй фæрухс и хох. Кæны ма дзир-дзур ирд ыстъалы, Нæ уадзы æхсæрдзæн йæ богъ. Кæмдæр фæхъыррыст кæны уæрдон, Ыстæй та бæстæ сабыр, сым. Фатимæ ауæрдгæ æууæрды Йæ цæстытæ... Æфсин, фысым... Сыфтæрау, ризы... Маст æвзоны Йæ уд æвзонг мадæн, ыссонт, Уæддæр уый иу лæг дæр нæ зоны, Кæй райы катайтæй йæ зонд. Ныр сабимæ кæсы æнкъардæй... Цыдæр æм бадзурид бæргæ, Фæлæ цы зоны сонт уд цардæн, — Фæлтау æй ма фенæд кæугæ!.. Фынæй у саби... Уый йæ фыны, Зæххыл бæллиццагæй цы ис, Фæуыны уыдон, мады рис, Йæ цæссыг рухс фынтæм нæ зыны... Йæ рустыл мады цæссыг тайы, Йæ хъустыл мады ныхас уайы... — Фынæй уал кæн, мæ хъæбул, ды; Дæ зын, дæ рог фæллад дын айса... Куы дæ фæкæна цард уæззау сайд, Æртæфса, чи зоны, уæд дыл, Кæй уыд, мæ хур, мæ рис, мæ рæвдыд Дæу тыххæй, удисæгау раст... Уæддæр-иу ма ’рцæуæд дæ тæфтыл Дæ мады рис æмæ йæ маст... Нæ цард, нæ дуне иууыл сæфт у, Ды-иу дзы у, мæ хур, æдас!.. Кæйдæр къухæй та байгом ногæй Сæ къæсы дуар, æмæ та лæг Сæ артдзæстмæ фæцæуы рогæй, Æрмæст кæцы у — нæу бæрæг. Нырма йæ æфсин дæр нæ уыны, Фæлæ йæм фехъуысти йæ хъазт: — Дæхи цæуыл марыс? Мæ зынæн Дæ хъизæмар цы у ахъаз?.. — Ды дæ?!. Дæумæ кастæн... — Цæй охыл? Нæ дын уыд ме ’рыздæхт бæрæг... Æхсæвбадæн... Кæугæ... Фыдохæй... Цæй фаг ысуыдзæн афтæ лæг?.. — Æрхæццæ дæ!.. Æхсæвы цъæхæй!.. Мæ уд æрцыд... — Кæуыс?.. Цæуыл?.. Нæ саби рарынчын? — Дзæбæх у, — Мæ зæрдæ рыст, æцæг, дæуыл... Мæ цæстыл уад нæ уæлмæрд, сау бон... Фæлæ мæ тас фæци, фæаууон... Мæ уд æрцыд... Ды та — фæллад, Дæ цонг тæрккъæвдайы ныссалд... Цæй, ницы кæны... Дзырд фæуæм, Дæ хай уæливыхæй æвæрд у! — Æз та уæд буц кæнын дæуæн Цыллæ кæлмæрзæнæй дæ зæрдæ! — Ой, Ибрагим, дæ куыст дзæгъæлы Цæмæн фæхардз кæныс, зæгъ-ма?.. — Дзæбæх куы фидауы дæ уæлæ... Нæ уыди ахæм ам нырма... — Рæстмæ нæ бахордтай... — Æфсæст дæн! Фæлæ цытæ ’рцыди мæ фæстæ? — Æрыздæхт не сæфт лæг йæ хæстæй... — Кæцы? Нæ дæ ’мбарын æххæстæй... — Кæддæр нæ чи фæцыд хъазуат, — Мæ кæнгæ ’фсымæр... Дзамболат...
V
Хъазбеджы хох кæсы паддзахау, Зæгъы сæууон хурæн салам. Нæ арф кæмттæн сæ пæлæз ахауд, — Пырд мигъты урсхъулæттæ гам. Зынын та райдыдтой нæ хæхтæ Сындæггай æврæгътæй... Нæ хъæд Æрыхъал. Буц зарæгæй мæргътæ Кæнынц æрвон дуне æлгъæд. Черкестæ райхъал ысты хъæуы. Сæ хъæу у тар хæхтыл ныхæст Уынгæг комы... Æмæ цы хъæуы Хæссын рæсугъд дунейыл цæст. Тæхынц æз раздæронæй бæхтæ. Сæ сæрмæ сыстгæ рыг æрбадт... Сæ дæле хъæугæрон къæдзæхтыл Сæу райсом арты фæздæг тад. Æрыхъал дуне... алыгъд хуыссæг... Хур растад, тар æрцыди тард. Æхсиды куыст. Уый цард лæгхуызæй Кæны сæууон хурыл йæ зард. Уæлдæр Сайтан-хохæн йæ фæстæ, Цы ран и сау дурты лæсæн, Уым кæрдæджы æмыр, æмбæхстæй, Къæдз калмау, къахвæндаг лæсы. Ыстæм хатт ауылты фæцæуы Сырдагур цуанон лæг, уæндаг, — Кæд сычъитæн сæ раздзог цæуыл Ысхæцид искуы цæст, уынаг. Уыдис-иу афтæ дæр: æд фæрæт, Цæуылдæр сагъæсты ныгъуылд, Æрхуым хъæддзау æнæ уынæрæй Кæны тыххæйты ам йæ хылд. Кæнæ хæххон фыййау æд лæдзæг Цæуы сæ уæтæры къæсæй. Йæ къах — фæллад, йæ зæрдæ — хъæлдзæг, — Сæхимæ мыд, цыхт, царв хæссы. Уый — хорз, фæлæ йыл ныр цæй охыл Цæуы тыхбырдæй Дзамболат?.. Æви йын хъæуы æмæ хохы Хуыздæр ран никуы и бынат? Кæдæм? Кæмæ? Цы йæ æрсырдта? Ау, ам æм исты хорз кæсы? Йæ цæстытæ æдзух, цæф сырдау, Йæ цурты тарстхуызæй хæссы. Йæ хид лæсæн кæны йæ ныхыл. Уæгъд — йе фцæггот, улæфæн нæй. Йæ уæхскыл — хъримаг, уый — йæ тых у, Йæ фæсрон дамбаца — бынæй. Йæ хъама ’взист доны æвдылдæй Æрвон æрттивæнтæ хæссы. Йæ хъуыры басылыхъхъ тымбылтæй, Йæ цæсгом — тарст, йæ хъæлæс — сым. У дуне та аив, æгъуыстаг! Йæхимæ балвасы æваст Йæ рæвдыдæй, йæ рухс, йæ хуызтæй; Лæджы уд ыл æрцæуы баст Йæ урс цæссыг æмæ йæ рыстæй. Кæмдæр ма æхсæрдзæн нæты, Лæууынц цъæх къуылдымтæ уыргъуытæй Уæлсæрвæты сындæг хæты Кæйдæр рæгъау пырхæй, — мæлдзгуытау. Сæ фæдыл зивæгæй тырны Сæ фыййау... Хаттæй-хатт ныззары Æмæ йын хæхты зин хъырны Хъæрæй, мæстæймарæгау, барæй: Аллах, ды ыстыр дæ, Нæ цæуыс бæстыл дæр, Ды сфæлдыстай дуне æппæт! Зæхх, арвау, у диссаг, Ды та дæ фæлдисæг, Дæ рухс зондыл зарын — нæ мæт. Нæ быдыр, нæ хæхтæ, Нæ кæмттæ, нæ дæттæ, Нæ денджыз, нæ тар хъæд, нæ цад Сæ зæрдæты арфæй Дæуæн кæнынц арфæ, Дæуæн кæнынц зарæгæй кад. Цыд къахвæд зилгæ халæй халмæ, Йæ разы ком, зындонау, арф, Фæлæ ныззылд йæ цурты, калмау, Ыссардта къудзитæн сæ тарф. Йæ уæлвæд кæрдæгæн йæ цъæхыл Фæзыпд, налхъуытæй босау, раст. Йæ фарсмæ ададжы дон зæххыл, Кæны сатæг уылæн цъæхахст. Ам къахвæндаг æргуыбыр донмæ, Йæ бырынкъ дзы ыстылдта цъус, Ыстæй уæд агæпп кодта коммæ, — Уыд фаллаг фарс ызмисджын, хус. Фæстæмæ ма фæкодта иу каст, Ыстæй та радта размæ дугъ: Гæппытæ — дуртыл, фæзы — икъа, Нæ уадзы къæдзæхты дæр цух. Фæстаг хатт ма, цъæх айнæг хъилæй Кæм лæууыд, уым — фæлурс, æдзыт — Мæрдтæмдзогау, сындæггай хилы; Йæ сæфт уым, тархъæды, æрцыд...
VI
Æгомыг хъæд... Нымæр уынæртæ... Фæбæллы ам фынæймæ лæг... Цыдæр æбæрæг тасæй зæрдæ Кæны æвæндонæй уынгæг... Бæллицтæ, диссæгтæ, тæмæстæ, Уæлвидыц аргъæутты тыфыл... Лæууынц æнусты мбай бæлæстæ, Сæ сæртæ, цатыртау, — тымбыл... Рæу тæгæр сусхъæдмæ æркъул и, Йæ хъусы йын цæгъды цыдæр. Ныллæг æхсæр йæ цæст ныкъулы Бæрзонд тæрсмæ... Дæлтъур, æвзæр, Уæддæр нæ тар хъæды паддзахмæ Уæнды... Æвналы йын йæ къахмæ Лæгъз армæй. Уый — дæлзæххы зин, У тæрс та тархъæды æхсин!.. Зæронд тулдз мæнæ... Адæм таурæгъ Хæссынц йæ уаз митыл дæрдтыл. Йæ быны, й’ аууоны та арæх Сæхи нæ урс хæхты зæдтыл Фæдзæхсынц цуанонтæ. Æгъдауæн Уый баззад рагæй, нæй йын сæфт. Ныр дæр ам арты цур фæдауынц Нæ хохы цуанонтæ æхсæв. Сæ зæрдæ — рухс, сæ зарын хъуысы, Дзæбæх куы ’рталынг вæййы, уæд. Æмæ сæм цадæггай фæхъусы, Рæдзæ-мæдзæ кæнгæйæ, хъæд... Нæ тулдз сæ фысымуат, сæ бадæн Нæ фæци цуанонтæн æрмæст. Мæгуыр хъæддзаутæ дæр сæ рады Улæфынц ам. Вæййынц ирвæзт Сæ мæт, сæ зын æмæ сæ мастæй. Ныр дæр æм — мадзура, тызмæг!.. Дыууæ черкесаджы сындæг Сæ фæллад уадзынмæ фæраст и. Сæ фæрæттæ йæ размæ бахстой, Ыстæй æрбадтысты зынæй. — Нæй кусæг уый хуызæн æввæхсты Æмæ йын баййафæн дæр нæй... — Куыд æнхъæлыс?.. Цымæ цы скусаг? Куы уаид ме ’фсин дæр Фатимæ, Уæд æз — цы дын æй кæнон сусæг, — Нæ кусин къаддæр Ибрагимæй... Мæ куыстуарзон уæд уаид хъуыст... У йе ’фсины цæстмæ йæ куыст. Уый нæй, уæд уый дæр, мæнæ махау, Кæйдæр куыстæгтыл зилид къахæй, Хæрæгау... Йе ’фсины фæрцы, Уый ахæм бухъхъ цардмæ æрцыд: Фæивта йын нæ цардмæ й’ ахаст, — Хъазайраг лæг нæ сæрты акаст!.. — Цы загътай?!. Худинаг у ахæм Хæрам ныхас!.. Ды дæр, æз дæр Фæзмыдтам уый, зæгъгæ, уæд махæн Нæ цард ныззылдаид хуыздæр. Цæмæн æй равзæрста Фатимæ, Æлдары сау рæсугъд, цæмæн? Нæ уыд нæ комы Ибрагимæй Куыстуарзондæр лæгæн уæвæн! Æниу уыд махæй дæр тыхстдæр: Кæвдæсард, махау, фæлæ зондæй — Уæлдæр... Сæрибармæ та сонтæй Тырныдта не ’ппæтæй фылдæр. Зыдта, нæ цард кæй у æлгъыстаг, Уыди лæджы бартыл хæцаг. Йæ бархъомыс æмæ йæ куыстæй Ысси сæрибар лæг фыццаг. Гъеуымæн æй фæци, гъе, амонд, — Фати йын уымæн радта ком. Ысиу сæ фидæн æмæ с’ абон, Сæ удтæ дæр — хъæрмуд, æнгом. Сæ амондыл къæм дæр нæ бады, Хуыцауы раз дæр — фыст сæ хæс: Сæ уаг нæртон уагыл нымад у, Дæрдбæлццонæн — фысым сæ къæс. Фæндаггон рахаты уый дардæй, Кæй ис уæлвонг къæсы æгъдау: Бæгæны — сау, уæливых — артыл, Фæрнаг фысымтæ та — рæдау. Нæ цард æцæгдæр тынг фæивта, Æмæ дзы разы сты нæ иутæ, Фæци нæ иннæтæн æнад... Зæгъæм, нæ хъæуккаг Дзамболат... Æлдары фырт, — уый не ’хсæн рацард, Джигит, хæстмондаг лæг, нæ цыт... Ыстæй уæд джауыртæн — сæ уацар, Фæлæ сæ ралыгъд æмæ ’рцыд... Æрцыд, фæлæ, цы уыд, уый нал и, Рæстаг цы уыд, уый ныр ныггалиу... Йæ хæдзар — хæлд, йæ цæст — мæцъæл, Йæ мæсыг дæр — пырхытæ, цъæл!.. Йæ фыд Наиб куы амард, уæд Фæци сæ кад нæ бæх, нæ гæрзтæн... Æлдæртты цытæн ныр сæ мæт — Цы кæной ног дуджы сæ хæрдзтæн?.. У куыст уæззау, ыстæй — æгад. Цагъартæ нæй, уæд цард — æнад... Æмæ куыд фæразой ыстонгæй, Куыдзау, æнхъæлмæгæсæй, бонгай?!. Йæ фыды бынтæ Дзамболат Ныххордта, нал кæны æфсæрмы... Нæ хæссы, махау, куыст йæ сæрмæ, Нæ ары а царды бынат... Фæзилы бонæй-бонмæ хъæутыл: Йæ уæхскыл — топп, йæ быны — бæх. Ныллæууыд джидзæггаг быцæутыл, Фæлæ йын, ацу, исты зæгъ!.. Йæхи дзы алчи, калмау, хизы, — Лæвæрттæ агуры тыхæй, Æмæ дзы нал фæразынц, низау... Тæрсын, мыййаг дзы Ибрагим дæр Куы сфæлмæца — йæ загъд, йæ симдæй... Тæрсын, рæхджы ысуыдзæн уымæн Йæ даринаг æмæ йæ лымæн... Йæ худинаг ныхъхъæр дæрдтыл, Хъæрздзæни уæд йæ фыд мæрдты!.. Фæлæ... Кæс-ма... Мæ цæст мæ сайы Изæры ’рдæм, æви цы уыд?.. Ам чидæр пыхсбыны лæууыд, Ныр махæй йе мбæхсæнмæ уайы... — Уый дымгæ банкъуыста тæрс бæлас, Йæ аууон базмæлыд æваст... Фæлæ — æгъгъæд, нæ тых ныффæлахс, Нæу хорз, уæддæр цы кæнæм хъаст, Нæ уæнгтæм февзидæм æлхыскъæй...
* * *
Хъæд... Талынг хъæд... Æгæндæг хъæд... Ныддонласт куырæт... Арм — ныххуыскъау... Йæ куыстæй фæрæт дæр — æлгъæд. Кæны тыхулæфт, риу фæлладæй, . Фæлæ нæй фервæзт Ибрагимæн — Фыргуыст йæ ныв æмæ йæ рад у... Уæддæр у бирæтæй сæхимæ Мæгуырдæр. Нæу æппын нымады Хъысмæтмæ рагæй дæр йæ зын. Уыд сидзæр, иунæг уд, æхицау Æмæ йæ алчи дæр йæхицæй Æддæмæ ссыдта... Нæй кæрдзын!.. Бæгънæг, æххормагæй фæхатти Сæ хъæуы хъомвосæн фыййау... Дуц хъуццыты, мæрз сын сæ бынтæ; Тæрс алкæмæн йæ загъд, йæ уындæй; Фæцудыдтай, уæд дыл куыйау Рæйдзæн дæ бонджын фысым... Хатт-иу Йæ хай — æлгъыст, фыдвидис, над; Йæ цард ын никуы кодта ад. Куы ссæрибар, уæд æй фæци Фæрæт, бæндæн æмæ йæ цин... Йæ уд ыснарæг и фыргуыстæй!.. Уый нал зыдта, æхсæв у, бон; Ыскодта къæс, фæлæ, æлгъыстау, Йæ цард уæд фестади зындон... Æлдары чызг лæууыд йæ зæрдыл Æрвылуысм... Нал дзы уыд ирвæзт. Ныр хъуамæ бафтыдаид мæрдтыл, Сæрхъæн ныфсæй ма цард æрмæст. Цыдысты сау бонтæ фæд-фæдыл, Мæрддзыгойтау... Фæлæ æваст Æнæнхъæлæй йæ тар хъысмæтыл, Йæ удыл хуры цæст ыскаст. Цард фестад амондæн йæ хæтæн, Æрвон хур атылди зæххыл: Æлдары сау рæсугъд йæхæдæг Цагъарæн «Разы дæн!» зæгъы!.. Æмæ уæд растад Ибрагим дæр, Фæзынд та ныфс, æрцыд та цин дæр. Йæ уд — æнæниз, уæнг — хъæддых, — Уыдзæн мæгуырдзинадыл тых! Нæу, искæйтау, йæ куыстæй тархъæн. Йæ фæрæтдзæфтæй райхъал тархъæд, Ыстæй, рæмон лæгау, ныхъхъус и, Йæ къуырццытæм ын райгæ хъусы. Ам кусаг лæг нæ зоны зивæг, Фæлæ нынныгуылд хур; æрттиваг Фæстаг тын сыфтæрыл лæууы... Æмбæлы уæд хъæмæ цæуын. Йæ фæдджийæ сæрфы йæ рустæ. Æмæ фæхудт: «Мæ къупец ныр Цæстмæ дæр нал кæндзæни бустæ, Фæлæ — цæугæ! Кæнон цыбыр Мæ фæндаг...» Рараст и сæхимæ, Фæлæ æввахс ран Ибрагиммæ Кæсы æнхъæлмæ суадон ирд, Йæ дон — рæсуг, адджын — йæ цъирд. Хæнтурс, æргъæу æртах ма аззад Йæ зачъейыл; æрттивы, хъазы, Фæлæ йæ асæрфта сындæг Йæ фæллад хурсыгъд армæй лæг. Ыстæй ыскаст бæстон уæларвмæ, - Ныгуылд хур хæхтæн кодта арфæ Фæстаг тынæй... Лæгæн ахъаз Кæны йæ афоныл ламаз. Æрбадт. Йæ дзабыр, куырæт — ласт, Æхсы йæхи. Лæууы йæ зæрдыл Æфсины дзырд — «Æдзух дæ каст Хуыцаумæ уæд. — Бæстон æвæрдæй Хæссы йæ риуы Ибрагим. — Куыдфæнды кус, куыдфæнды сим, Нæ цард, нæ амонд у Хуыцауыл Æлхынцъау баст...» Йæ хорз хъæддзауы Куы фервиты Фатимæ, уæд Йæ фæдзæхст уый вæййы, йæ мæт... Ыстæй ма ноджы: кус-иу къаддæр Дæхи-иу хиз, дæхимæ кæс... «Нæ, нæ!.. Куыд хъуамæ уа æгаддæр, Мæгуырдæр искæмæй нæ къæс!..» Йæ цæсгомыл цыдæр мæт абадт, Ыстæй йæм худæгау фæкаст... Цыдæр къæрцц уæд йæ хъустыл ауад, Цыма сæнтхус къалиу фæсаст... «Æвæццæгæн, фæлидзæг тæрхъус, Кæйдæр уындæй дзы бацыд тас... Фæдæн афтидармæй йæ уæлхъус, Уый — нæй, йæ рихи уаид даст...» Ыстæй ныссабыр хъæд. Æргуыбыр Нæ хъæддзау суадонмæ, зæгъы: «Кæд исты ауыдта фæскъуыбыр, — Тæрсагдæр сырдтæй нæй зæххыл... Æндæр дзы хъуамæ ма уа мацы...» Тызмæг цæст къутæртыл хæссы. «Нæ хæхтæм Дзамболат фæбалц и, Уæд хомæ тугисæг кæсы?..» Ног фестъæлфт пыхсыты цыдæр!.. Фæцыд æваст гæрах... Йæ хъæр Ныррыхыд, арвы нæрдау, комы. Йæ азæлд тахт дæлгом-уæлгомæй, Нæ йын уыд банцайæн æппын Æддеау, тар хæхты рæбын... «Уый, чи зоны, рæмон æхсинæг Йæ уарзон удлæууæнмæ тахт», — Ысдзырдта иу фыййау æнкъардæй. Ыстæй дын уæд зæрдиаг зардæй Йæ хъыг ысулæфыди тагъд: Йæ ахстоны тайы Æрхæндæг æхсинæг, — Йæ уарзон, йæ къаймæ Кæсы уый, æфсинау... Уæхимæ, мæ бæлон, Тæхгæ æмæ дугъ... Дæ къай уым куы бæллы Дæ уындмæ æдзух! Охх, зæрдæ нæ ризы Йæ риуы рæбынмæ, Уæд хæхтыл нæ хизы Лæг искæй уынынмæ!.. Æхсин, нал и, зон æй, Дæ фатдзæф бæлон... Куы мард, уæд йæ комæй Цыд, тугау: «Хæрзбон!..» Ныгуылы хур. Зæрин æндахау, Йæ тын ыссыгъд уæлхох сындæг. Ныр фыййау хъæумæ фос ыздахы, Ыскалди хæдзæрттæй фæздæг. Нæ адгуыты ныббæзджын аууон. Тыгуырæй чызджытæ цæуынц Уырдыгмæ, донмæ. Уый æгъдау у, — Хи дон хæссынмæ бон æууындз. Ныр седзаг — гогонтæ, уæддæр ма Нæ уадзынц чызджытæ сæ хъазт. Уадз цин кæной, — хуыздæр изæр ма Кæд уыдзæн?.. Уадз хæссой сæ хъаст, Сæ бæллицтæ, сæ зынтæ донмæ. Сæ цæссыг ам фæтæдздзæн бонмæ, Ыстæй уæд денджызмæ йæ цыд. Сæ зарæг дæр æгад, æдзыт. Уæдмæ сæ цурты атылд уæрдон, Æмæ æрбайхæлди сæ хъазт. Кæны сæ буц зарæг нымæрдæр, — Йæ къæсмæ с’ алчи дæр фæраст. Уæд ма Фатимæ ам цы бады, Сæ донбыл — иунæг æмæ ’нкъард?.. Уæлхох дæр хуры рухс æртади, Сындæггай ахуыссыд йæ арт. Хæссы уæлхохæй уддзæф уазал, Æхсæрдзæн систа сонтæй сар. Æхсæвы тар, фыдбоны азар Сæттынц фæлмæст уды æхсар. Фатимæ уылæнтæ нымайы, Æви цы аразы?.. Йæ цæст Æхсæрдзæны пырхæнтыл тайы, Фæлæ сæ не ’рцахсы æххæст. Фæлæуу-ма, заргæ кæны?.. Зæлтæ Цæуынц сындæг, хæссынц сæ хъыг, Æмæ ныссау, нырхæндæг зæрдæ, Тæдзы йæ уарзæгой цæссыг!.. Хур ныгуылд у, арв — цъæх, Цадæг бафынæй зæхх, Æхсæв судзаг бæллицтæ æрхæссы... Риссы зæрдæ нымдæй, Уæ, мæ уарзон, кæм дæ?.. Рауай, асæрф мæ удæн йæ цæссыг!.. Æз дæ риумæ мæ сæр Ног æрхæссин уæддæр, Ног дын сисин æз иухатты зарæг... Ног дын радзурин уæд Æз мæ уарзт æмæ мæт, Ног дыл атыхсин, ме скаст, мæ дарæг!.. Йæ зæл ма уылæнтимæ хъазы Рыст зарæгæн. Ивылд — йæ маст... Тæккæ уæд уæлдæфы йæ разы Фатимæйæи нысхъæл, нырраст Нæ зонгæ лæг. Йæ дзых ныззылын, Йæ цæсгом та — фæлурс, фыдхуыз... Æмæ мæгуыр усæн ныххызт Йæ риумæ сау зынты ивылæн... Чысыл фæсæццæ, фæлæ стæй Йæхи æрæмбæрста, тæвд зондæй Æввахсдæр къахвæндагмæ сонтæй Тырны, фæлæ лæууы тыхстæй Йæ разы йе знаг. — Иуварс лæуу! Фæхудт: «Цæргæ дын у мæнимæ!..» — Уæд раздæр ’рыздæхын хъуыд дæу, — Ныр амарди дæуæн Фатимæ. Мæ худинаг дæм хорз куыд кæсы? Нæу фаг фыдамонды улæфт?.. Нæ маст цæрæнбонтæм кæй хæссы, Нæ раг сæнттæ кæй ысты сæфт?.. Æдзух цæмæн тырныс тыхмимæ, Мæ хаст удæн цы сдæ фыд зин? Æви нæ зоныс, Ибрагимæн Æз кæй дæн й’ амонд æмæ цин?.. — Цæй цин ма, цæ!.. Сæ кой дæр нал и, Мæ уарзт сæ басыгъта уайтагъд!.. — Йæ зæрды уыд ныр усмæ ’вналын, Фæлæ Фатимæ систа загъд... Йæ туг æваст ныццавта сæрмæ: — Æрра, лæуу иуварс!.. Ды æфсæрмы Нæ зоныс, фæлæ æз дæн мад, Нæ кæнын æз мæ сæр æгад! Куы нæ сæттай, уæд... — Систа зæххæй Фатимæ дуры къæртт... Бынат Йæхицæп нал ары, ныцъцъæх и... — Ныццæв! — ысдзырдта Дзамболат, — Ныммар мæ, фæлæ байхъус раздæр, Зæгъон мæ уды рис нывыл... Мæлæт та циу!.. Мæлæтæй карздæр Мæнæн — дæ уды сивд мæныл... Хуыцау æй зоны, у мæ зæрдæ Йæ хъуырмæ уарзт æмæ дæуæй. Ды мын нæ дæ, уæд мыл æвзæрдæр, Фыддæр бон уацары дæр нæй. Уæд цард у ахшстонау талынг, Цæрын дæр худинаг у уæд... Ды дæр нæ хъизæмары малы Дæхæдæг бавзæрстай æппæт. Æз та рæхысбаст æмæ надæй, Сыдмардæй фервыстон мæ бон, Уæддæр быхстон, цæмæй мæ рады Дæуæн æхцон цагъар ысуон... Ды та?!, Фæлтау мæ амар дурæй, Фæлæ мæ мауал сур дæ цурæй!.. Дæ зæрдыл ма лæудзæн: кæддæр-иу, Куы стылди арвастæумæ мæй, Куы-иу тыдта бæстыл йæ зæрин, Куы кодта рухс дуне фынæй, Уæд-иу мæ хъæбысы куыд рызт... — Ныууадз сæ кой!.. Фæуæнт æлгъыст Нæ сæнттæ!.. Ивæн нæй хъысмæтæн. — 0, нæ!.. Уæды цинтæн, нæ мæтæн Æвиппайд айсæфæн куыд ис?.. Фатимæ бамыр и, ныццис Мæрдвæлурс... Нал быхсы йæ рыстæн... Йæ рустыл цæссыгтæ тылдысты, Нæ дзы хауд дзырд... Уæд Дзамболат та Ныдздзыназы: — Хуыцау нын радта Æнусон хъизæмар — хъысмæт: Йæ мидæг — сау маст æмæ мæт... Уый фод, фæлæ мæныл ды систай Дæ къух æнустæм?.. — 0, хæрзбон! — Нæ, афтæ нæу. Æз дæн ныр хистæр, Дæуæн нæй бар, æз дæн тæрхон... Мæ бæлон, гъеныр ды мæн дæ... — Æрра, лæуу иуварс!.. Науæд рондзæй Сом бафиддзынæ ме ’фхæрд ды!.. — Мæ зæрдæ уарзтæй фидын зондзæн!.. — Хъуыраныстæн!.. Мæ лæг дæ сæрæй Дæ хæрам сисдзæни дывæрæй. — Нæ мæ уырны!.. Дæуæн нæй лæг... — Цы загътай, цы?!. — Уый у бæрæг, Æмæ дзы сусæггагæй — ницы... Кæй хуыдта хорз æфсин йæхицæн, Уый уарзта, удау, Дзамболат, Æмæ йæ амардта... Быууат... Йæ дзырд нæма фæци кæронмæ, Фæлæ йын алвæста йæ хъуыр Мæрдон тас... Фехъуысти йæ зондмæ Кæйдæр хъæрзын æмæ хыр-хыр... — Фатимæ!.. — уымæн дæр йæ хъæрзын Ыссыд... Фæлæ уæдмæ нывæрзæн Фатимæйæн цæттæ — йæ арм, Йæ зæрдæ усæн баци хъарм... Уæд мæй фынæй зæххæн йæ сæрты Тылди æвæлмасæй, сындæг. Æхсæрдзæн та йæ урс пырхæнты Удæста къæдзæхы быгъдæг; Хъæрзыдта, ниудта дурты ’хсæнты, Йæ хъæлæс — сау мастæй уынгæг. Йæ ниуд — куы ’нцой, куы хъуысы дардыл. Фатимæ не змæлы, дзыхъмардау, Æфсымæры æрттæ — йæ уат; Хъæрзы, уынæргъы Дзамболат. Цы кæна? Не ’мбары, цы уыди... Фæлæ дын йе муд ус æрцыди, Йæ цæстæй ракасти... Йæ цæст Кæмдæр бæрзонд арвмæ æххæст. Уыд арв цъæх-цъæхид æмæ ирд, Ыстъалытæн — нывыл сæ сирд. — Кæм дæн?.. — Фатимæ дзуры тарстæй. Йæ армæй асгæрста йæ ных... — Куыд хуыссыдтæн уæлрагъ?.. Уым раст, уæд Дæлайнæг дуртыл лæг ныппырх... Куыд нæ дзы рахаудтæн, уый — диссаг!.. Кæм ис мæ гогон та?.. Тæрсын, Кæд атылд, дон æй айста, уисау... Йæ цуры чи уыд, уый фæрсы... Фæлæ йæ мæйрухсмæ куы суыдта, Йæ рæдыд хаты уæд æцæг, — Фатимæ йе мгар ус кæй хуыдта, Уый разынд иу æддагон лæг. Йæ цæсгоммæ йын каст лыстæггай, Фæрсы йæ стæй, кæд ын хæстæгæй Ам исчи ис... — Нæхимæ цом... Йæ ком ивазы ус æргом... — Куыд уазал у!.. Уый ног нæ хохæй Мæрдон уымæл сындæг бырсы. Æхсæрдзæн та хъæрзы фыдохæй, Йæ сусæг маст нæ уадзы рохы, Цыма фыддæр хъыгтæй тæрсы. Уый денджызы æнцой ыссардзæн, Йæ цæсты сыг уым нал лæмардзæн, Лæгæн та чи айсдзæн йæ маст? Йæ хъыг кæмæн ракæндзæн хъаст?.. Куыдтон æз Дзамболатыл афтæ... Æмæ тæрсын... — Дæ мастæн рафтæн Ыссардзæн де фсымæр... Уый дар Дæ зæрдыл... — Иуварс цу!.. Лæгмар!.. Фатимæ, фатдзæф сырдау, раст, Ызгъоры удистæй æххуысмæ, Фæлæ нæ сусс кæны йæ маст: — Лæгмар!.. Лæгмар!.. — йæ фæдис хъуысы...
КÆРОНВÆД
Мæ чиныгкæсæгæй æз курын хатыр, — Мæ таурæгъ кæй нæ уыди худæг... Цы кæнон, Кавказы — уæлхох уа, быдыр — Æз уарзын мæлæтмæ, мæ удау. Уыдтæн дзы хæрзæрæджы, уазæгау раст, Фæзылдтæн мæ рагон хæтæнтыл. Мæн нал зыдтой... Сырæзти ног хъæу æваст. Ныззылдтой хæдзæрттæ — фæтæнтæ. Ис пец дæр сæ къуымты, кæсæнвæлыст — къул, Нæй рагъæныл гæрзты æрттивæн. Æрмæст ма нæ фæсхъæу цъæх айнæг æркъул, Йæ хъуына фæлыст дæр нæ ивы. Фыццагау æгомыг, уыргъуыйæ лæууы, Нæ фæндаг, нæ хидтæм фæлгæсы. Нæ дарæсау, не ’взаг дæр ивгæ цæуы, Нæ хæзна нæ тыхстыл æххæссы. Нæ хъæуты фæзынди ыскъола дæр ныр, Æд чиныг нæ сабитæ — уынгты. Фæкæнынц сæ ахуырмæ фæндаг цыбыр, Ис ногхуыд уæлæдарæс уæнгтыл. Мæ цурты фæцæйлыгъд уым иу ус, мæгуыр, — Йæ дарæс — ыскъуыдтæ, бæгъæмвад. Рæу сабитæ згъордтой йæ фæдыл — тыгуыр, Сæ фидис, сæ хъæртæй фæцæйуад. Сæ дурты зыввыттæн, сæ фидистæн хатт Уый кодта æртхъирæнтæ, бустæ. — Фæлæуут, куы ’рцагурат уе ’хсæвбынат, Мæ арм уын иваздзæн уæ хъустæ!.. — Уый чи у? — кæйдæр дзы куы афарстон уæд, — Цæмæн уадзы дзурын йæхимæ?.. — Нæ зонын, — мын загъта, — нæй никæй йæ мæт, Æрра у, йæ ном та — Фатимæ... Йæ хъæубæстæ дзурынц: лæппу дæр ын уыд, Æрра мады ’рфæндыд йæ марын. Сæ сых ын æй байстой. Ыстæй йæм æрцыд Нæртон лæг, — хæссы йæ бындарæн. Æнæхицау, иунæгæй баззади ус, — Бон адæм фæриссынц йæ сарæй, Æхсæв та дзæгъæлдзуйæ доны уæлхъус Фæкæны йæ хъарæг, йæ зарæг: Арвыл хуры цæст нæй, Зæхх дæр систа фынæй, Цинтæ амайынц тары сæ мæсыг... Уæ, мæ уарзон, кæм дæ, Æз куы бæллын дæумæ, Рауай, асæрф мын тагъддæр мæ цæссыг!..