СÆРД Хур судзы... Уырыдзы Хæрынæн бæззы... Чи хъæдæй рæгъæдæй Сырх мæнæргъ хæссы, Чи халсарæй кæмтты Æргъæмттæ бæтты... Хуыскъæлæй, æхсæрæй Кæм цæуынц рæтты! Цæвæгæй, мæхъитæй, Æхсырфæй цæттæ, Хорз байрай, мæ бæстон, Кæмдæриддæр дæ!