ÆНÆ ХАЙ
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард...
Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстыты сыгæй
Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..
Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ
Æхсныфæй нуазынц мæ туг...
Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ,
Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг?
Кæй чызг мыл æскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг,
Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх,
Кæй фæндыр æсцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг,
Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх?
Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй
Фæластон мæ сау зæрдæ дард ...
Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстыты сыгæй
Æнæхай фæкодтон мæ мард!..
|