БАЛЦЫ ЗАРÆГ Цæйут, æфсымæртау, Радтæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!.. Скæнæм нæ тырыса Дзыллæйы номæй. Рухсмæ æнæзивæг Цомут æнгомæй!.. Растдзинад уарзынæй Скæнæм нæ фæндаг... Гъе, мардзæ, магуса! Фесæф, нæуæндаг!..