АЗАР!
Æз дæ зарынмæ куы хъусын,
Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,
О, мæ хуры хай, –
Азар-ма, чызгай!..
Мах бар нал æсты нæ сæртæ...
Азар, цалынмæ дæ зæрдæ
Не ссау фырмæстæй,
Адæмы мæтæй!..
Адæмæн зæхх у сæ дарæг...
Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, –
"О, мæ бон, – иу зæгъ, –
Байстой нын нæ зæхх!.."
Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын..
Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..
Ма фæлидз тæргай,
О, мæ хуры хай!..
|