УАЛДЗÆГ Мит тайы, их сайы, Фæхъулон ис зæхх: Йæ цæгат фæзæйнад, Йæ хуссар фæцъæх. Йæ фæдыл нæ хъæдыл Фæхæцыд сыфтæр; Нæ хуымтæ кæндтытæ, Нæ ласæн цъыфдæр. Цырд лæппу гæлæбу Æрцахста... Зæгъ ын: Нæ уалдзæг дæ уазæг, Ныууадз æй цæрын!