ДЫУУÆ ХАЛОНЫ Халон халонмæ тæхы, Халон халонæн зæгъы: Халон! Цæй–ма, ныр цы хæрæм? Сихорæн амал цы скæнæм? Дзуры йæм фæстæмæ халон: Сихор нын цæттæ у абон, – Терчы былыл нын, хъæугæрон, Ауыгъдæй лæууы мæхъæлон...