ФЕСÆФ!
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме ʼнамондимæ! –
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст – зæрдæхалæн,
Йæ тых басæтта!
Афæлывта мæ
Сауæрфыг рæсугъд...
О, мæ худинаг,
О, мæгуыр мæ уд!..
Дзырд Хуыцауы раз
Радта иннæмæн, –
Къухæй нал ласы
Ныр йæ къухдарæн...
Гъей, чызгай, цæмæн
Афæлывтай мæн?!.
Цæй, дæ Хуыцау дын
Уæд тæрхонгæнæг!..
Даргъ хæххон зымæг,
Уалдзыгон бонау,
Ныр æрымысын.
Æз, фынфенæгау...
Кæд кæрæдзийы
Фаг нæ рæвдыдтам?
Кæд кæрæдзийæн
Фаг нæ фæдзырдтам
Уарзон ныхæстæ,
Цард æнхъæлæджы?!..
Гъей, цы хъал уыдтӕн
Уыцы рæстæджы!..
Ныр дæу чи хæссы,
Уый йæ лæджыхъæд
Мемæ бавзарæд,
Кæд хуыздæр у, уæд!
Йе – йæ топпæй хъазт,
Йе – йæ бæхыл бадт,
Йе – йæ кæсгон кафт,
Йе – йæ цæгъдгæ зард!.
Дæу сырх дарийæ
Хорз æсфæлыста!
Дæу сызгъæрин рон
Нарæг балвæста!..
Риуы ʼгънæджытæ
Хъазынц стъалытау...
Уæд дæ хӕрдгӕ хуыд,
Уæд дæ алы ʼгъдау!...
Фесæф, фесæф, цард,
Сау лæппуимæ,
Тагъд дæлдзæх фæу
Ме ʼнамондимæ!
Калмау мын мæ риу
Судзгæ баууылдта
Маст – зæрдæхалæн, –
Йæ тых басӕтта!
|