ДЗЫВЫЛДАР Æнгуырдар – дзывылдар, Кæм хæтыс зымæг? Цы бæстæ, цы хæхтæ Фæтæхыс уынæг? Кæм рæзынц, кæм цæрынц Дæ хотæ, дæ мад? Тæхуды, тæхуды, Кæмæн ис дæ цард!