МÆГУЫРЫ ЗАРÆГ
Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ
Хъармæй, райдзастæй лæууынц,
Махæн та нæ сывæллæттæ
Уазал лæгæты кæуынц...
Адæмæн сæ чындзхонты хъазт
Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы,
Махæн та нæ гæдыйы уаст
Мардыл кæуæгау хъуысы...
Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ
Царæй фæныкмæ тæдзынц,
Махмæ та хæлынбыттыртæ
Цары ахстæттæ кæнынц...
Адæмæн сæ фæззæджы куыст
Не ʼссы афæдзмæ куырой,
Махæн та нæ афæдзы мызд –
ʼГасæй иу хоры кæфой!..
|