Коста Хетагуров Коста Хетагуров
Творчество Коста Переводы и ... О Коста О проекте

Поэзия
- Ирон фæндыр:
- Стихи на русском
- Поэмы
Проза
- Рассказы
- Пьесы
- Публицистика
- Письма
Картины

БИРÆГЪ ÆМÆ ХЪРИХЪУПП

Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, –
Чидæрид зоны...

Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ, –
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уæны стæг
Хурхы нынныхсти.

Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йæ сæрæн...
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн!

Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы...
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы.

– Ай та цы диссаг у? –
Рагæй æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ...

Хърихъупп фæзæрдæлхæд,
Абадт йæ цуры:
– Цæй-ма, цы мæ кæныс?.. –
Сырд ма кæм дзуры!

Иу цæст ма фезмæлыд,
Иннæ ныдздзагъыр...
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр, –

Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ, афтæмæй
Уæны стæг сдавта.

Бирæгъ ысулæфыд...
Фервæзт нæ рынчын!..
Хърихъупп æм бадзырдта:
– Цæй-ма, мæ мызд мын!

Сырд дын фæхъæр ласта:
– Гъа, дзæгъæлхæтæг!
'Гас мын кæй баззадтæ
Абон дæхæдæг!

Бузныг цæуылнæ дæ,
'Гайтма мæ дзыхæй
Де 'взæр лæгуын къоппа
Райстай дзæбæхæй?!

Барст дын уæд ацы хатт
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм, –
Додой дæ къона!