ГЪÆЙ, ДЖИДИ!
Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, –
Бар ма йын ратт!..
Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды
Иуæй-иу хатт.
– Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, –
Искуы æз дæр
Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн
Кад æмæ сæр!
Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид
Искæй зынад,
Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид
Уарзондзинад!..
|