МАРДЫ УÆЛХЪУС
Фæндараст!.. Фервæзтæ нæ мæтæй –
Хуыцауы мацæмæй уал дом! –
Мæрдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,
Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.
Лæппуйæ базæрондмæ цардтæ
Мæстджынæй адæмы мæстæй;
Æхсæв цырагъдарæй фæхаттæ
Хæларæй, уарзонæй, рæстæй...
Дæ мадау бауарзтай нæ бæстæ,
Фæцыдтæ мæгуыртæн фыййау...
Цæмæй дын фиддзыстæм дæ хæрзтæ,
Цæмæй дын ратдзыстæм æгъдау?!.
Фыдæй фыртмæ нæ уд, нæ зæрдæ
Дæ рухсæн хъардзыстæм, бæргæ,
Фæлæ та сагъæссаг нæ сæртæ,
Дæ фæстæ чи баззад кæугæ!..
1891 азы Мартъийы 3 бон,
Дзæуджыхъæу.
|