СÆРДЫГОН КЪÆВДА Хъæргæнгæ: “Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!” Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл... – Фæлæуут, мæ хуртæ! гъеуыцы хæзнатæй Æруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæй Лæудзысты мæнæуæй, фæлæуут чысыл!