ÆХСИНЫ ЛÆГ
З а р æ г
Хæххон фыййау, йæ фос ривæд
Куы кæнынц, уæд нæ фæзары...
Цы уыл æрцыд, нæ фæсивæд,
Уæ зæрдæтæм цы маст хъары?
Лæджы дам бас куы басудзы,
Уæд фу кæны йæ доныл дæр...
Лæг сусæгæй куы нымудзы,
Уæд нал сæтты йæ номыл дæр.
Хæххон фыййау йæ фосимæ
Къæдзæхты дæр нæ фæллайы...
Нæ фæсивæд! Кæрæдзимæ
Уæ зæрдæ дæр куы нæ райы!..
Хуыцау дын раттæд бирæ хъом, –
Бæрæг зындзæн дæ хорз уæныг...
Нæу сусæг хорзæн йе ‘цæг ном,
Налатæн та – йæ фæсномыг.
Ысхъомыл дæн уырысимæ, –
Нæ цæм фæдæн сæны хъæстæ...
Цы уайсадæм кæрæдзимæ, –
Зæгъут–ма раст уæ ныхæстæ!
– Цы дын зæгъæм? – уæлæмæ дæр,
Дæлæмæ дæр нæ дзуринаг:
Æхсины лæг – нæ сæфты хъæр,
Нæ фыдты фыд, нæ худинаг!
Гадза бирæгъ æнгом дзуджы
Быдыры дæр ныппырх кæны...
Цы ма кæнæм? – ныры дуджы
Æхсины лæг æлдар кæны!
Гадза бирæгъ æфсæстæй дæр
Нæ ауæрды лæбурыныл...
Æхсины лæг йæ бæстæй дæр
Нæ ауæрды мæнг дзурыныл.
Ыстур дæр ма йæхи рæгъау
Нæ нымайы кæйдæр хъомыл...
Æхсины лæг, фыдызнагау,
Арт бандзары йæхионыл.
Ыстур дæр ма йæхи рæгъау
Хуыздæр хоны кæйдæр хъомæй...
Æхсины лæг, цъæх хæрæгау,
Ту нал сæрфы йæ цæсгомæй.
Рынчынæн дам æдзухæй дæр
Йæ низы кой – йæ дзуринаг...
Æхсины лæг нæ Ирæн дæр –
Нæ низы хай, нæ худинаг!
|