Коста Хетагуров Коста Хетагуров
Творчество Коста Переводы и ... О Коста О проекте

Поэзия
- Ирон фæндыр:
- Стихи на русском
- Поэмы
Проза
- Рассказы
- Пьесы
- Публицистика
- Письма
Картины

БУЛКЪ ÆМÆ МЫД

Ма худ аууонмæ æвзæрыл,
Хорзы–иу йæ цуры бафау!
Дунетæй хуыздæр куы фестай,
Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!

Хорз æфсин цы нæ хæринаг
Авæрдзæн лæгæн йæ разы! –
Уазæгæн йæ мæгуыр фынгæй
Бирæ кад дæттын фæразы...

Гъе, уæддæр нæ хæринæгтæ
Алы ран сæхи ыстауынц,
Загъд кæнынц, сæ кæрæдзийы
Уазæджы цæстмæхъус фауынц.

Физонæг ма, йе хæбизджын Дзурæд! –
Уазæг дæр сæ буц у,
Фæлæ задын, хомыс, бламыхъ, –
‘Гайтма дæ хæрынц, – ныхъхъус у!

Булкъæн та æппын цæсгом нæй! –
Фаджысдон кæны къæбицæй,
Судзы ком, уæддæр дын искæй
Уадзы, цы, хуыздæр йæхицæй?!.

Иу фынджы рагъыл та иу хатт
Уый дæр та фæзынд кæцæйдæр!..
Уайтагъд та йæхи фæсвæдты
Мыдмæ баласта хæстæгдæр...

– Оф, оф, уазæг, æз мыдимæ, –
Загъта, – диссаг дæн, æрбалæуу...
– Гъе, смаггæнаг! – мыд фæмæсты.
Ныр цы мæт кæныс мæ бæсты,
Æз хуыздæр куы дæн æнæ дæу!..