ЧИ ДÆ?
Мыггагæй мæ ма фæрс, –
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс,
Нæ бæззын чызгæн.
Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй –
Нæхи хохбæстаг.
Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæ ронбаст – уæрдæх...
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!..
Æз райгуырдтæн хохы...
Нæ хъæдкъул ыскъæт, –
Ныр дæр мæ нæу рохы, –
Æвгъæддон уыд уæд...
Рæстмæйы хъуыддагæн
Сыгъдæгдæр ран хъуыд,
Фæлæ дзы мæ мадæн
Хуыздæр ран нæ уыд.
Æлгъыстæн мын баззад...
Тæрсын дзы ныр дæр...
Рынчынæн “æгæссад
Дæ уæд” зæгъ, æндæр
Йæ бахъуыд–сахатæн
Мæгуыры бон циу? –
Нæ фæци мæ мадæн
Нæ файнуст, нæ тиу.
Нæ йæм уыд фæкæсæг...
Йæ мой йæм кæм бадт! –
Æмæ йæ фыдвæззæг
Фæкодта мæ мад.
Мæн иу ус фæхаста...
Сывæллон ахуыр,
Йæ дзидзи нæ ласта
Мæ дзыхæй, мæгуыр.
Куыд фæрæзта, уыйас –
Æппæтæй дæр фаг!
Фæцардтæн æм иу аз,
Фæдæн æм дыккаг.
Фæхъомыл дæн афтæ, –
Æдæрсгæ цыдтæн...
Кæм заргæ, кæм кафгæ
Æмбырдтыл зылдтæн...
Чысыл ма йæ зонын
Мæ фыды... Хæмæт, –
Йæ номæй йæ хонын, –
Кæм кодта мæ мæт!
Дыккаг ус æрхаста...
Æркодтой мæн дæр...
Мæ “чындз” мæ нæ уарзта, –
Фыдсыл уыд кæмдæр!
Йæ рард дæр ысхуыстæй,
Йæ рæвдыд дæр – над,
Йæ “цу-ма” рæхуыстæй, —
Гъе уый дам дын – мад!
Мæ фыд-иу къуыригай
Дзæбидырдзуан цыд,
Йæ ус та æригай
Хæдзар–хæдзар зылд.
Цуанон лæг мæрдтæм
Хæстæгдæр цæры,
Йæ мард та уæлмæрдтæм
Нæ хæццæ кæны!..
Фæдзурынц æй ал-хатт, —
Мæ фыдæй хуыздæр
Лæг цуаны нæ ахатт.
Ныххæррæгъ кæмдæр!
Ус хистытæ кодта,
Фæуæй кодта зæхх,
Цы ардта, уый хордта
Æввонгæй, дзæбæх.
Ныр дæр ма æрра дæн,
Сывæллонау, сонт, –
Уæд та?... Цæй, йæ мадæн
Чи амоны зонд?
Хæрз дзæгъæл кæй зайын,
Уый базыдтон... Ку!
Кæуынæй кæй сайын? –
Дæсаздзыд лæг у!
Ус афæдзы бонмæ
Йæхиуыл хæцыд, –
Уæлладжыры коммæ
Чындзы та фæцыд.
Мæн къæйыл ныууагъта...
Йе амæл, йе рæз, —
Æвæццæгæн загъта:
Куыст – цардæн фæрæз!
Цы куыстæн бæззыдтæн
Дзæбæхдæр мыздыл? –
Уæлыгæс фæцыдтæн
Гуыбыны хæрдыл.
Мæ фысымтæ радæй,
Мæ хуыссæн – лыстæн,
Уæддæр-иу “дæ–да–дæй”
Куы ныззарыдтæн!
Уæлыгæс-бынхорæй
Фыййау дæр ысдæн, –
Дæс мæрты мын хорæй
Лæвæрдтой мыздæн.
Фыййауæн – уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр – æнæвгъау, –
Йæ куыст нæу уæд зын.
Æлгъыстæй, уæд надæй
Цы нæ бавзæрстон!
Уæддæр–иу “дæ–да–дæй”
Куы ныццæлхъ ластон!
Æхсæрдæсæмаздзыд –
Лæджы бындзæфхад, –
Æгæр дæр фæхъазыд,
Æгæр дæр фæбадт!
Йæхицæн ныссадзы
Ысхъæлфындз цæвæг,
Уыгæрдæнтæ дасы, –
Йæ риуыгъд – бæрæг!
Цы цæнгтæ мыл разад,
Цы хосдзау уыдтæн!
Фæлæ ма кæм баззад
Уыгæрдæн мæнæн?! –
Гæппæл дæр мын нал уыд.
Цы фæци мæ зæхх? –
Хæрнæгæн дам бахъуыд.
Цу, исты сын зæгъ!
Ыссæдз азмæ азгай
Æххуырсты цыдтæн...
Цы нæ кодтон радгай,
Цы нæ-иу уыдтæн?!
Мæ архайд, мæ тыхмæ
Лæг кодта хæлæг;
Æккойæ мæ ныхмæ
Кæм лæууыд хæрæг!
Мæхи та дын стауын:
Нæ дын зыдтон, цы,
Тын уæрдын, тын уафын,
Хæрдгæйæ – дæсны;
Æрцындзæй, хæсгардæй –
Хæрзарæхст, чызгау...
Гъе уæддæр “дæ–да–дæй”
Чи зарыд мæнау?
Йæ бонæй уа зæрдæ! –
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъ–ма йын: æвзæр дæ, –
Уырны йæ бæгуы!
Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
Æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.
Кæцæй йæм фæсиды
Сæрибары дуг?
Цæмæн дзы æхсиды
Цæджджинагау туг?
Йæ бонæй уа, уастæн,
Дæргъæрфыг рæсугъд!
Кæм лæууы йæ хъазтæн
Лæппуйы тæппуд!
Куыд уыди йæ фыццаг?
Куыд разылд мæ сæр?
Куыд уыдзæн йæ фæстаг?
Нæ зонын ныр дæр...
Йæ уындæй куы райди
Мæ зæрдæ, куы та,
Цыма йæ фæсайди, —
Йе сæфт дзы уыдта...
Куыддæр–иу ныхъхъус дæн,
Фæлыгътæн–иу дард...
Аргъ нал уыд мæ куыстæн,
Ысуæлдай мæ цард...
Быцæугонд – хъæуимæ...
Æмгартæй тæрсын...
Гъей, зæрдæ, дæуимæ
Кæй бон у хæцын?!.
Цæмæн–иу мæм касти
Мæ сæфт хуры хай?
Цæмæн–иу фæраст и
Мæ рæзты чызгай?
Цæмæн–иу мæм бахудт
Хъуызгæ–мидбылты?
Цæмæн мæ хъуыд агъуд, –
Ливорджын дæн цы?
Ныббар мын, кæд дардæй
Мæ ныхас хæссын, –
Мæстджынæй, æнкъардæй
Мæ сæнттæ мысын...
Нæ зымæг ингæн у, –
Йæ зæйтæ – нæ мæт;
Нæ фæззæг куыстæн у,
Нæ уалдзæг – дзæнæт.
Хур арæхдæр тавы,
Ысулæфы зæхх,
Сæгъ хъæмпæй нæ давы, –
Нæ хуссæрттæ – цъæх.
Фæмил вæййынц хæхтæ,
Фæбур вæййы дон,
Æртæхынц нæм мæргътæ,
Фæтынг вæййы бон.
Фæзыны гæлæбу...
Зынг фесты зæрдæ...
Гъе, мардзæ, нæ лæппу! –
Цы фæдæ, кæм дæ?!.
Дæ хъару нын равдис! –
Куыддæр фæнды уæд, –
Ирæдисæн бар ис:
Йе – фыр, йе – рæуæд.
Мæ ирæд цæттæ у...
Æххуырсты мыздæй
Æрæмбырд... Цы хъæуы, –
Æппæт дæр хыгъдæй.
Мæ фосæн сын дардтон
Мæхи армæй цæхх,
Сæ мадæн сын ссардтон
Дыууæ галæй бæх.
Æнæуый, цы зæгъай, –
Æппæтæй рæвдыд...
Мæ сагъæс, мæ катай –
Чызгайæн йæ фыд.
Мæгуыр лæгмæ – схъæлдзырд,
Æнæбарвæссон;
Хæдзары – хъæды сырд,
Хъæубæсты – Сырдон.
Дзырды бар кæй уадзы,
Кæй фæрсы фæндæй?
Чызг тайы, дзыназы,
Мад судзы мæстæй...
Æмвæнд ыстæм рагæй...
Мад циу? Мад нæ фарс
Хæцдзæнис дæндагæй...
Фыд... Фыд у цъæх арс!
Фæкодтон нывæндтæ, –
Мæ куывд мын Хуыцау
Нæ исы... Мæ зæрдæ
Ысдзæгъæл, ыссау...
Кæй барвитон курæг?
Кæй та равдæла?
Цæй мæгуыр дæ, иунæг.
Дæ мад амæла!
Кæй барвитон курæг?
Æфсæрм лæг кæм и?
Мæ лæгтæм лæбурæг
Куы скæна йæхи?
Мæхæдæг фæцæуон, –
Уæд ноджы фыддæр, –
Куы нæ йæм фæлæууон,
Куы сдзурон æз дæр!..
Кæй та сын æй курынц
Уый ацы сахат
Сæхуыдтæг дæр дзурынц.
Нæ йæ дæтты мад.
Йæ чызг дæр кæм комы? –
Фæкъæйных цæм и, –
Йæ дзыккутæ тоны,
Æргæвды йæхи...
Æрвиты мæм ал-хатт:
“Цы фæдæ, кæм дæ?
Мæлынмæ мæ ма ратт,
Фæзын, кæд лæг дæ!”
Гъе, уый дын мæ митæ, –
Куыдфæнды сæ дом!
Фæрсыс ма мæ: чи дæ? –
Уæд иунæг – мæ ном!
|