СÆРДЫГОН КЪÆВДА Хъæргæнгæ: “Хæзнатæ нæм хауы уæларвæй!” Сывæллæттæ уайынц къæвдайы фæдыл... – – Фæлæуут, мæ хуртæ! – гъе уыцы хæзнатæй Æруидздзыстæм мах дæр: нæ къутутæ дзагæй Лæудзысты мæнæуæй, – фæлæуут чысыл!